ӔХМ хыгъдлӕвӕрд радта депутаттӕн коронавирусы ныхмӕ тохы фӕрӕзтӕ бахардз кӕныны фӕдыл

© Sputnik / Илья Питалев /  Ахизын медиабанкмæӔХМ хыгъдлӕвӕрд радта депутаттӕн коронавирусы ныхмӕ тохы фӕрӕзтӕ бахардз кӕныны фӕдыл
ӔХМ хыгъдлӕвӕрд радта депутаттӕн коронавирусы ныхмӕ тохы фӕрӕзтӕ бахардз кӕныны фӕдыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Социалон политикӕ ӕмӕ ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады фӕдыл парламентон комитеты сӕрдар куыд банысан кодта, афтӕмӕй амӕйразмӕ министрады хыгъдлӕвӕрды равдыстой ӕрмӕстдӕр 49 милуан сомы коронавирусы ныхмӕ тохы фӕрӕзтӕй

ЦХИНВАЛ, 27 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламенты ӕрныхас кодтой бюджетон фӕрӕзтӕй 61 милуан сомы бахардз кӕныны фӕдыл, кӕцытӕ 2020 азы рахицӕн кодтой Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрадӕн коронавирусы ныхмӕ мадзӕлттӕн, хъусын кӕны парламенты пресс-службӕ.

Коронавирус Хуссар Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры хицауад рахицӕн кодта 6 милуан сомӕй фылдӕр медиктӕн фиддонтӕн

Социалон политикӕ ӕмӕ ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады фӕдыл парламентон комитеты сӕрдар Плиты Александр куыд банысан кодта, афтӕмӕй министрады хыгъдлӕвӕрды равдыстой ӕрмӕстдӕр 61 милуан сомы, уый фӕдыл депутаттӕ ракуырдтой бамбарын кӕнын, цӕуыл бахардз кодтой рахицӕнгонд фӕрӕзтӕ.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министры х.ӕ. Тотчиты Георгий банысан кодта, хыгъдлӕвӕрды лӕмбынӕгӕй фыст у фӕрӕзты тыххӕй, кӕцытӕ рахицӕн кодтой нывӕзтмӕ гӕсгӕ.

"Ацы фӕрӕзтӕй спайда кодтой 39,2 милуан сомӕй, медицинон кусджытӕн фиддонтӕн – 17,4 милуан сомы, хостӕ балхӕнынӕн та – 8,1 милуан сомы. Уымӕй дарддӕр, президенты барамындӕй коронавирусы ныхмӕ тохы фӕлгӕтты министрадӕн рахицӕн кодтой 10 милуан сомы ифтонггарз ӕмӕ туаггуыр балхӕнынӕн", - загъта Тотчиты Георгий комитеты рабадты рӕстӕджы.

Уагдоны сӕргълӕууӕг банысан кодта, коронавирусы ныхмӕ тохӕн рахицӕнгод фӕрӕзты иумӕйаг суммӕ у 74-75 милуан сомы, сӕ нымӕцы 10 милуан сомы, кӕцытӕ рахицӕн кодтой туаггуыры хызӕгтӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0