РБМЦ сӕйраг дохтыр радзырдта коронавирусы уавӕры тыххӕй Хуссар Иры

© Sputnik / Natalia Airiyan Коронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сӕйраг дохтыр банымадта республикӕйы рынчынкӕнынады уавӕр стабилоныл ӕмӕ банысан кодта, рынчындӕттӕ йедзаг кӕй не сты коронавирусӕй рынчынтӕй

ЦХИНВАЛ, 27 янв – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны медицинон уагдӕтты "сырх зонӕты" ӕртыццӕджы райсоммӕйы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, ис 64 пациенты коронавирусы диагнозимӕ, фехъусын кодта Sputnik республикон бирӕпрофилон медицинон центры (РБМЦ) сӕйраг дохтыр Быценты Индира.

ӔХМ хыгъдлӕвӕрд радта депутаттӕн коронавирусы ныхмӕ тохы фӕрӕзтӕ бахардз кӕныны фӕдыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
ӔХМ хыгъдлӕвӕрд радта депутаттӕн коронавирусы ныхмӕ тохы фӕрӕзтӕ бахардз кӕныны фӕдыл

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, РБМЦ инфекцион хайады хоскӕнынад цӕуынц 37 адӕймаджы, иннӕтӕ та – сывӕллӕтты рынчындоны. Ӕртӕ рынчыны сты интенсивон терапийы хайады.

Быценты Индира банысан кодта, ногазон бӕрӕгбонты фӕстӕ республикӕйы чысыл фӕфылдӕр рынчынкӕнынады ӕмвӕзад, фӕлӕ январы кӕрӕттӕм уавӕр ногӕй у стабилон.

"Фӕнды мӕ банысан кӕнын, фӕстаг рӕстӕджы сӕнӕнизуӕвджыты нымӕц у фылдӕр ног рынчынтӕй", - загъта Быценты Индира.

Уый ма банысан кодта, республикӕйы ӕввахс рӕстӕджы кӕй нӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц рынчынты нымӕцы фӕфылдӕрмӕ, кӕд ӕмӕ цӕрджытӕ ӕххӕст кӕндзысты ӕдасдзинады мадзӕлттӕ.

"Фӕлӕ Уӕрӕсейы апрелы ӕнхъӕлмӕ кӕсынц ӕртыккаг уылӕнмӕ, ӕмӕ уый фӕдыл мах цӕттӕ кӕнӕм. Кӕд ӕмӕ афтӕ ӕрцӕуа, уӕд мах хъуамӕ цӕттӕ уӕм", - бафтдыта медик.

Югосетпотребнадзоры фӕстаг бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, Хуссар Ирыстоны пандемийы рӕстӕджы сарӕзтой 15 075 тесты коронавирусы фӕдыл, уыдонӕй 2 746 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг.

Ног хабӕртты лентӕ
0