Транскам ӕхгӕнынц зӕйтӕ рцӕуыны тасы тыххӕй – УУМ

© Sputnik / Natalia Airiyan Транскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тыхджын митуард хӕххон фӕндагыл, кӕцы иу кӕны Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсеимӕ, радон хатт сис фӕндагон змӕлды сӕхгӕныны аххосаг

ЦХИНВАЛ, 29 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) бафӕдзӕхстой Транскавказаг автомагистралы сӕхгӕды тыххӕй майрӕмбоны ӕвзӕр боныгъӕд ӕмӕ зӕйтӕ рцӕуыны тасы тыххӕй.

"Ӕвзӕр боныгъӕд ӕмӕ зӕйтӕ рцӕуыны тасы тыххӕй 29 январы 15.00 сахатӕй фӕстӕмӕ сӕхгӕдтой фӕндагон змӕлд Транскавказаг автомагистралыл сӕрмагонд барамынды онг", - банысан кодтой уагдоны пресс-службӕйы.

Афтӕ ма УУМ радтой рекомендаци фӕндагон змӕлды хайадисджытӕн, цӕмӕй ма цӕуой Транскамы уылты цалынмӕ боныгъӕд фӕхуыздӕр уа, уӕдмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0