Ансамбль "Симд"-ы дӕлбар скъола-студи исы сывӕллӕты

© Sputnik / Natalia AiriyanСИМД
СИМД - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.02.2021
Рафыссын
Сывӕллӕттӕн ахуыртӕ цӕуынц ансамблы бӕстыхайы, ӕнӕарӕгъӕй, 12 карӕй уӕлӕмӕ сывӕллӕтты ласы бынатмӕ сӕрмагонд транспорт

ЦХИНВАЛ, 1 фев – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны кафт ӕмӕ зарды паддзахадон ансамбль "Симд" исы ӕхсӕз аpы карӕй уӕлӕмӕ сывӕллӕтты. Фидӕны кафджытимӕ кусынц ансамблы солисттӕ Пӕррӕстаты Аланӕ ӕмӕ Коцты Григорий, фехъусын кодта Sputnik сфӕлыстадон коллективы директор Гаглойты Кристина.

Скъола суыдзӕн паддзахадон ансамблӕн кадртӕ цӕттӕ кӕныны фӕзуат.

"Цӕттӕгӕнӕн къорд кусы иу аз ӕмӕ рдӕг. Сентябрьмӕ ист цӕудзысты сывӕллӕты. Ныридӕгӕн цӕуынц репетицитӕ ӕртӕ хатты къуыри",- загъта директор

Уый ма бафтыдта, фидӕны скъола цӕттӕ кӕндзӕн канд кафджытӕ нӕ, фӕлӕ ма вокалисттӕ ӕмӕ музыканттӕ дӕр.

Ирон кафт - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.11.2020
Гаглойты Ростик: ирон адӕмӕн кафт семӕ райгуырд

"Ӕввахс рӕстӕджы цӕттӕ кӕнӕн къорд скусдзӕн хорӕн дӕр, фӕстӕдӕры нывӕзты ис музыкалон инструменттыл цӕгъдын цайдагъ кӕнын рӕзгӕ фӕлтӕры",- бафтыдта уый 

Сывӕллӕттӕн ахуыртӕ цӕуынц ансамблы бӕстыхайы, ӕнӕарӕгъӕй, 12 карӕй уӕлӕмӕ сывӕллӕтты ласы бынатмӕ сӕрмагонд транспор.

Хуссар Ирыстоны кафт ӕмӕ зарды паддзахадон ансамблӕн бындур ӕвӕрд ӕрцыд 1936 азы.

Ног хабӕртты лентӕ
0