Цхинвалы фӕбӕрӕг сты хуыздӕр ленкгӕнджытӕ

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвалы фӕбӕрӕг сты хуыздӕр ленкгӕнджытӕ
Цхинвалы фӕбӕрӕг сты хуыздӕр ленкгӕнджытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.02.2021
Рафыссын
Призтыл тох кодтой аст тренеры хъомылгӕнинӕгтӕ

ЦХИНВАЛ, 1 фев – Sputnik, Плиты Фатимӕ.  Хорзӕхты 12 комплектыл тох бацайдагъ ис цхинвайлаг спорты галуан "Олимп"- ы турнир "Сызгъӕрин кӕсаг-2021"- ы фӕлгӕтты. Ерысты архайдтой 180 спортсмены, уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодта ленк кӕныны Федерацийы разамонӕг Евгения Терлеева.

Ленк кӕныны турнир - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.10.2020
Цхинвалы фӕбӕрӕг сты "Сыгъзӕрин кӕсаджы" уӕлахиздзаутӕ

Призтыл тох кодтой аст тренеры хъомылгӕнинӕгтӕ.

"Сывӕллӕттӕ рагӕй нал архайдтой турниры. Фӕстаг хатт ма ерыстӕ уыдысты ивгъуыд азы октябры. Ацы ерысты уыд ӕхсӕз кары къорд чызджыты хсӕн, уый ӕмбӕрц та лӕппуты хсӕн. Сӕ ралӕудтӕй нӕ зӕрдӕтӕ барухс сты",- загъта Терлеева.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ерысты сӕйраг нысан уыд сывӕллӕтты ерыс кӕныныл фӕцайдагъ кӕнын.

"Сӕйраг у ерыс кӕныны фӕлтӕрддзинад сын радтӕм. Кӕд уӕлахиздзаутӕ фылдӕр мӕ къордӕй уыдысты, уӕддӕр хорз ӕнтыстытӕ уыд Тъотъоты Хасаны хъомылгӕнинӕгтӕн дӕр. Ӕмткӕй бирӕ сывӕллӕттӕ равдыстой хорз цӕттӕдзинад ӕмӕ фидар удыхъӕд",- бафтыдта уый.

Уый ма бафтыдта, ерысты къӕлиндары уыдон бахастой ӕхсӕз турниры.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0