Цхинвалы бирӕуӕладзыгон хӕдзары бахизӕны ссардтой ӕвзонг нӕлгоймаджы мард

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.02.2021
Рафыссын
Цауы фӕдыл сгарӕн куыст уадзы Генералон прокуратурӕ. Ӕбӕлвырд информацимӕ гӕсгӕ, нӕлгоймаг фехста йӕхи

ЦХИНВАЛ, 3 фев – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы бирӕуӕладзыгон хӕдзары бахизӕны ссардӕуыд ӕвзонг нӕлгоймаджы мӕрдон буар ӕртӕ ӕхстимӕ, цау сгары республикӕйы Генералон прокуратурӕ.

Уагдоны слесгӕнӕн управленийы фӕдагурӕг Харебаты Артур куыд фехъусын кодта Sputnik, афтӕмӕй ӕнамонд цау ӕрцыд ӕртыццӕджы, 3 февралы ӕхсӕвы фыццаг сахатыл.

"Цхинвалы Джиоты Аланы проспекты 197 хӕдзары ӕртыккаг бахизӕны ссардӕуыд 1983 азы гуырд нӕлгоймаджы мӕрдон буар, йӕ сӕр ӕмӕ риуыгуыдыр уыдысты ӕртӕ ӕхсты хӕцӕнгарз АК-47-ӕй", - загъта фӕдагурӕг.

Уый ма бафтыдта, зӕгъгӕ, цалынмӕ тӕрхондонон-медицинон басгӕрсты хатдзӕгтӕ райсой, уӕдмӕ нӕлгоймаджы мӕлӕты аххосаг сбӕлвырд кӕнӕн нӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0