Хуссар ИрыстоныЧысыл дӕнцӕг
901
https://cdn2.img.sputnik-ossetia.ru/images/07e4/0b/06/11384747.jpg
Sputnik Хуссар Ирыстон
https://cdn2.img.sputnik-ossetia.ru/i/logo.png
Sputnik
https://cdn2.img.sputnik-ossetia.ru/i/logo.png
https://sputnik-ossetia.com/South_Ossetia/20210204/11770704/Khussar-Iry-sbrg-kodtoy-12-nog-rynchyny-koronavirusy.html
Республикӕйы пандемийы райдайӕнӕй сарӕзтой 16 мин тестӕй фылдӕр коронавирус сбӕрӕг кӕныны фӕдыл
ЦХИНВАЛ, 4 фев – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы сбӕрӕг кодтой 12 ног рынчыны COVID-19-ӕй, фехъусын кодта Sputnik Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гаглойты Анна.
"Сарӕзтӕуыд 146 иртӕсты, уыдонӕй 12 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг", - загъта уый.
©
Sputnik / Natalia Airiyan
Афтӕ ма Гаглойты Анна бафтыдта, зӕгъгӕ, иу суткӕмӕ медикты хыгъдӕй систой ноджы ӕхсӕз адӕймаджы - коронавирусӕй ӕдӕппӕт сӕнӕниз сты 2 030 адӕймаджы. Медикты хъусдарды бын ма сты 816 адӕймаджы.
Хуссар Ирыстоны пандемийы рӕстӕджы сарӕзтой 16 227 тесты коронавирусы фӕдыл, уыдонӕй 2 846 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг.
Хуссар Ирыстоны январы æмбистæй фæрогдæр кодтой коронавирусы апарахат æруромыны фæдыл тобæтæ. Куысты æрвылбонон режиммæ рахызтысты министрæдтæ æмæ организацитæ, уыдон нымæцы ахуырадон уагдæттæ дæр.