Парламенты быцӕудзинӕдтӕ хъуамӕ ма лӕууой нӕ бӕстӕты интерестӕй уӕлдӕр – Косачев

© Sputnik / Natalia AiriyanРХИ парламент
РХИ парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.02.2021
Рафыссын
Уæрæсейаг парламентон делегаци Федерацийы Советы æхсæнадæмон хъуыддæгты фæдыл комитеты сӕрдар Константин Косачевы сæргълæудæй æрцыд Хуссар Ирыстонмӕ хуссарирыстойнаг депутаттимæ фембæлдмӕ æхсæнпарламентон æмгуыстады фæдыл æдзухон къамисы фæлгæтты

ЦХИНВАЛ, 5 фев - Sputnik, Козаты Диана. Уӕрӕсейаг парламентаритӕ фӕнд кӕнынц пададжын куыст кӕнын хуссарирыстойнаг коллегӕтимӕ, загъта Феерацийы Советы комитеты сӕрдар Константин Косачев Хуссар Ирыстоны парламенты фыццаг вице-спикер Гасситы Петримӕ фембӕлды рӕстӕджы.

 Федерацийы Советы æхсæнадæмон хъуыддæгты фæдыл комитеты сæргълæууæг Константин Косачев - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.02.2021
Уæрæсейаг парламентарийтæ Косачевы сæргълæудæй æрцæудзысты Хуссар Ирмæ

Уӕрӕсейаг парламентаритӕ ӕрцыдысты республикӕмӕ дыууӕ бӕстӕйы ӕхсӕнпарламентон ӕмгуыстады фӕдыл Къамисы рабадты хайад райсыны тыххӕй. Майрӕмбоны райсомӕй делегацийы райста президент Бибылты Анатолий.

Фембӕлды райдайӕны Гасситы Петр банысан кодта, ацы балц кӕй бахахх кодта дыууӕ паддзахады хсӕн хорз ахастытӕ.

"Ацы фембӕлдтӕ арӕх ацӕуынц, фӕлӕ пандеми бахаста йӕхи ивындзинӕдтӕ. Рагӕй нал фембӕлдыстӕм", - загъта Гасситы Петр.

Константин Косачев загъта бузныг дыууӕ бӕстӕйы хсӕн ӕхсӕнпарламентон бастдзинӕдтӕ сног кӕнынӕн ӕххуысы тыххӕй.

"Ууыл бандӕвтой республикӕйы цаутӕ. Иу сесси рауагътой. Бакӕсӕм, дарддӕр цы ӕрцӕудзӕн. Цӕттӕ стӕм ацыдӕр саразын, цӕмӕй сног кӕнӕм нӕ ӕмгуыстад ӕххӕст бӕрцуатӕй", - загъта сенатор.

Уый бахахх кодта, иумӕйаг нывӕзтыты реализацийӕн кӕй хъӕуы Хуссар Ирыстоны парламенты ӕххӕст куыст.

"Нӕ хӕслӕвӕрд у фенын, нӕ коллегӕтӕ дӕр кӕй сты цӕттӕ ӕмгуыстадмӕ. Парламенты алыгъуызон быцӕудзинӕдтӕ хъуамӕ ма лӕууой бӕстӕты интерестӕй уӕлдӕр", - банысан кодта Косачев.

Сенатор бахахх кодта, уыдон кӕй дзурдзысты, цӕмӕй дыууӕварсон ӕмгуыстады ахсджиаг механизм – Хуссар Ирыстоны парламент – куса ӕххӕст бӕрцуатӕй.

"Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, скъуыддзаг сымах рахӕсдзыстут. Мах зӕгъдзыстӕм нӕ хъуыды нӕ аннӕ коллегӕтимӕ фембӕлды рӕстӕджы дӕр", - бафтыдта Косачев.

Хуссар Иры æхсæнады уавæр скарз ис, Цхинвалы цæрæг Дзабиты Инал криминалон милицийы бафарсты рæстæджы нады фæстиуæгæн куы фæмард 28 августы, уый фæстæ.

Фӕстӕдӕр оппозицион депутатты иу къорд арвыста фыстæг Уæрæсейы вице-премьер Марат Хуснуллинмæ, цы ран фехъусын кодтой, РХИ æмæ УФ хицауадты хсæн контакттæ легитимон кæй не сты, уымæн æмæ премьер æмæ министрты кабинетæн сæ æххæстбарты æмгъуыд кæй ацыд 29 октябры.

Ног хабӕртты лентӕ
0