Хуссар Иры санитарон уагдоны радзырдтой коронавирусимӕ уавӕры тыххӕй

© Sputnik / Илья Питалев /  Ахизын медиабанкмæРынчындон, Цхинвал
Рынчындон, Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.02.2021
Рафыссын
Республикӕйы пандемийы райдайӕнӕй коронавирусӕй фӕрынчын сты 2 871 адӕймаджы, уыдонӕй 2 043 сӕнӕниз сты. Югосетпортребнадзоры лабораториты сарӕзтой 16 мин тестӕй фылдӕр коронавирус сбӕрӕг кӕныны фӕдыл

ЦХИНВАЛ, 5 фев – Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы сбӕрӕг кодтой 25 ног рынчыны COVID-19-ӕй, фехъусын кодта Sputnik майрӕмбоны Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гаглойты Анна.

"Сарӕзтӕуыд 166 иртӕсты, уыдонӕй 25-ӕн разынд ӕвӕрццаг фӕстиуӕг", - загъта уый.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, цыппӕрӕмы медикты хыгъдӕй систой 13 адӕймаджы - коронавирусӕй ӕдӕппӕт сӕнӕниз сты 2 043 адӕймаджы. Медикты хъусдарды бын ма сты 828 адӕймаджы.

Хуссар Ирыстоны пандемийы рӕстӕджы сарӕзтой 16 393 тесты коронавирусы фӕдыл, уыдонӕй 2 871 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг.

Хуссар Ирыстоны январы æмбистæй фæрогдæр кодтой коронавирусы апарахат æруромыны фæдыл тобæтæ. Куысты æрвылбонон режиммæ рахызтысты министрæдтæ æмæ организацитæ, уыдон нымæцы ахуырадон уагдæттæ дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0