Александр Ивановы номыл сыгъзæрин майдан: Чилæхсаты Магрез райста бæрзонд хорзæх

© Facebook / Магрез КелехсаевЧилæхсаты Магрез
Чилæхсаты Магрез  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.02.2021
Рафыссын
Чилæхсаты Магрез райгуырд Дзауы районы Чеселты хъæуы. У Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы адæмон нывгæнæг, Станиславскийы номыл премийы лауреат

ЦХИНВАЛ, 9 фев— Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны адӕмон нывгӕнӕг Чилӕхсаты Магрезӕн лӕвӕрд ӕрцыд "Александр Ивановы номыл сызгъӕрин майдан". Хорзӕх уый райста йӕ равдыст "Симфония в красках"-ы рӕстӕджы Дзӕуджыхъӕуы.

Хорзӕхтыл буцахуыр нывгæнæг банысан кодта, зæгъгæ, "майдан уӕлдай мӕ куыстыл ницы бандавдзӕн, фӕлӕ мын тынг ӕхсызгон у ацы майдан райсын".

"Александр Иванов у нывгӕнӕг, кӕцы сфӕлдыста зындгонд куыст "Явление Христа народу". Йӕ номыл майдан Уӕрӕсейы нывгӕнджыты цӕдис бакодта ӕрӕджы, лӕвӕрд цӕуы ӕрмӕст дыккаг хатт, фыццаг дзы схорзӕхджын кодтой академик Зураб Церетелийы", - загъта Sputnik Чилӕхсаты Магрез.

Адæмон нывгæнæджы равдыст цӕудзӕн Дзӕуджыхъӕуы 10 мартмӕ, экспозицийы ис 100 куысты бӕрц.

Джиоты Магрез - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.12.2020
ХИПУ музейы коллекци баххӕст кодтой нывгӕнӕг Джиоты Магрезы куыстытӕ

"Фӕстаг ӕхсӕз азы цы ныффыстон, уыдон рахастон равдыстмӕ. Хуынд райстон Цхинвалӕй дӕр ӕмӕ сӕрды нывӕндын ауадзын равдыст уым дæр", - бафтыдта уый.

Чилæхсаты Магрез райгуырд Дзауы районы Чеселты хъæуы. У Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы адæмон нывгæнæг, Станиславскийы номыл премийы лауреат.

Йæ куыстытæ фенæн ис Мæскуыйы, Санкт-Петербурджы, Дзæуджыхъæуы, Цхинвалы, Омскы, Киевы музейты, афтæ ма хицæн адæмы коллекциты Европæйы бирæ горæтты.

Ног хабӕртты лентӕ
0