Вейпты ӕндӕвдад: ӕнахъомты инспекци ӕмбӕлы Цхинвалы хистӕркъласонтимӕ

© Sputnik / Фатима ПлиеваВейпты ӕндӕвдад: ӕнахъомты инспекци ӕмбӕлы Цхинвалы хистӕркъласонтимӕ
Вейпты ӕндӕвдад: ӕнахъомты инспекци ӕмбӕлы Цхинвалы хистӕркъласонтимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.02.2021
Рафыссын
Мадзӕлттӕ ӕххӕст цӕуынц ахуырады министрад ӕмӕ скъолаты дирекцитимӕ баныхасты фӕлгӕтты. Фыццаг фембӕлд уал ацыд горӕты фарастӕм скъолайы

ЦХИНВАЛ, 9 фев - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Иры Мидхъуыддӕгты министрады горӕты хайады ӕнӕхъомты инспекци уадзы фембӕлдтӕ Цхинвалы скъолаты хистӕр кълӕсты ахуырдзаутимӕ, цы ран сын ӕмбарын кӕнынц электрон тамакойы уӕззау ӕндӕвдад ӕнӕниздзинадыл.

© Sputnik / Фатима ПлиеваВейпты ӕндӕвдад: ӕнахъомты инспекци ӕмбӕлы Цхинвалы хистӕркъласонтимӕ
Вейпты ӕндӕвдад: ӕнахъомты инспекци ӕмбӕлы Цхинвалы хистӕркъласонтимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.02.2021
Вейпты ӕндӕвдад: ӕнахъомты инспекци ӕмбӕлы Цхинвалы хистӕркъласонтимӕ

Мадзӕлттӕ ӕххӕст цӕуынц ахуырады министрад ӕмӕ скъолаты дирекцитимӕ баныхасты фӕлгӕтты. Фыццаг фембӕлд уал ацыд горӕты фарастӕм скъолайы.

"Ныййарджытӕ, ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ ахуырады министрадӕй нӕм бахатыдысты, тыхсынц электрон тамакойы тыххӕй. Хуссар Ирыстоны рӕзгӕ фӕлтӕртӕй ахсджиагдӕр ницы ис ӕмӕ мах нӕ хӕсыл банымадтам ауадзын ахӕм фембӕлдтӕ", - загъта Sputnik инспекцийы хистӕр, булкъон Гатайты Лали.

Уый скъоладзау фӕсивӕды раз йӕ раныхасы бахатыд, цӕмӕй сывӕллӕттӕ хъусой ныййарджытӕ ӕмӕ ахуыргӕнджыты фӕдзӕхстмӕ.

"Афтӕ ма аразут, цӕмӕй уӕ ныййарджытӕ мӕт кӕной. Уый хъуамӕ суа уӕ административон фӕткой. Вейптӕ хӕссынц стыр зиан ӕнӕниздзинадӕн", - бафтыдта уый.

© Sputnik / Фатима ПлиеваВейпты ӕндӕвдад: ӕнахъомты инспекци ӕмбӕлы Цхинвалы хистӕркъласонтимӕ
Вейпты ӕндӕвдад: ӕнахъомты инспекци ӕмбӕлы Цхинвалы хистӕркъласонтимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.02.2021
Вейпты ӕндӕвдад: ӕнахъомты инспекци ӕмбӕлы Цхинвалы хистӕркъласонтимӕ

Фембӕлды рӕстӕджы ма равдыстой вейпты ӕппӕрццӕг ӕндӕвдады фӕдыл киноныв. Скъоладзаутимӕ ныхасы хайад исы сывӕллӕтты барты фӕдыл президенты ӕххӕстбарджынын минӕвар Цхуырбаты Татьяна. Фарастӕм скъолайы фӕстӕ уыдон сӕ балц акодтой гимназ "Альбион"-ыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0