Хуссар Иры медиктӕн рахицӕн кодтой 6 милуан сомы декабры фиддонтӕн

© Sputnik / Natalia Airiyan Коронавирус Хуссар Иры
Коронавирус Хуссар Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.02.2021
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны медиктӕн фидддонтӕн фӕрӕзтӕ хицӕн цӕуынц президент ӕмӕ хицауады фӕстауӕрцон фондтӕй

ЦХИНВАЛ, 10 фев – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны хицауады фӕстауӕрцон фондӕй рахицӕн кодтой ӕхсӕз милуан соммӕ ӕввахс медиктӕн фиддонтӕн коронавирусы ныхмӕ тохы тыххӕй.

Коронавирус Хуссар Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.02.2021
Президент бахӕс кодта бакусын коронавирусӕй фӕрынчынуӕвӕг ӕмбӕстӕгты реабилитацийы фарстыл

Фӕрӕзтӕ рахицӕн кӕныны фӕдыл барамынд рахастой хицауады рабадтыл ӕртыццӕджы.

Финансты министрадӕн бахӕс кодтой рахицӕн кӕнын хицауады фӕстауӕрцон фондӕй 5,8 милуан сомы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрадӕн, цӕмӕй бафидой фиддонтӕ медицинон кусджытӕн фарон декабры коронавирусы ныхмӕ тохы тыххӕй.

Фарон ноябры хицауад рахицӕн кодтой ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрадӕн 50 милуан сомы коронавирусы апарахат ма ‘руадзыны фӕдыл мадзӕлттӕ сӕххӕст кӕнынӕн. Ӕхцаты иу хай – 8,4 милуан сомы ацыдысты медицинон ӕмӕ ӕндӕр кусджытӕн фиддонтӕн, 34,5 милуан сомы та – хостӕ ӕмӕ ифтонггарз балхӕнынӕн.

Коронавирусы ныхмӕ тохы фӕлгӕтты ма президенты барамындӕй ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрадӕн рахицӕн кодтой 10 милуан сомы ифтонггарз балхӕнын ӕмӕ туаггуыры хызӕгтӕ ауадзынӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0