Транскамыл нæ лæууы митуард: фӕндаг у æхгæд

© Пресс-служба МЧС РЮО Транскам
Транскам  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.02.2021
Рафыссын
Хуссар Ирыстон ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны хсӕн иунӕг фӕндаг сӕхгӕдтой 15 февралы ӕхсӕвы ӕвзӕр боныгъӕдты аххосӕй

ЦХИНВАЛ, 15 фев— Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Транскамы автомагистраль у ӕхгӕд ӕнӕрлӕугӕ митуард ӕмӕ зӕйтӕй ӕрцӕуыны тасы аххосӕй, фехъусын кодтой Sputnik Уӕлвӕткон уавӕрты министрады радгӕсон службӕйы.

Хуссар Ирыстон ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны хсӕн иунӕг фӕндаг сӕхгӕдтой къуырисӕры ӕхсӕвы ӕвзӕр боныгъӕдты аххосӕй.

"Фӕндаджы хуссар хайы ӕмӕ цӕгаттаг порталыл уары мит. Фӕндаг ӕхгӕд у сӕрмагонд барамынды онг", - загътой уагдоны.

Транскавказаг автомагистраль - бӕрзондхӕххон иунӕг трассӕ, кӕцы иу кӕны Хуссар Ирыстон Уӕрӕсеимӕ. Зымӕгон рӕстӕг фӕндагыл арӕх фӕзынынц зындзинӕдтӕ митуард ӕмӕ зӕйты тыххӕй. Арӕх республикӕ фӕиппӕрт вӕййы ӕнӕхъӕн дунейӕ цалдӕр бонмӕ зӕйты ӕрцыды аххосӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0