Нӕ радта фӕндаг: дыууӕ фӕсарӕйнаг хӕдтулгӕ сӕмбӕлдысты кӕрӕдзийыл Цхинвалы алвӕндагыл

© Sputnik / Наталья АйриянСталины уынг
Сталины уынг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.02.2021
Рафыссын
Хӕдтулгӕ BMW шофыр хуыцаубоны фехӕлдта фӕндагон змӕлды фӕтк ӕмӕ сӕмбӕлд Toyota Mark X маркӕ машинӕйыл. Уый уыд иунӕг ФТЦ ивгъуыд къуырийы

ЦХИНВАЛ, 15 фев – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Хуссар Ирыстоны столицӕйы хуыцаубоны ӕхсӕвы ӕрцыд фӕндагон-транспортон цау дыууӕ хӕдтулгӕйы хайадистӕй, фехъусын кодтой Sputnik МХМ пресс-службӕйы.

"Хӕдтулгӕ BMW шофыр, Абайты Уасойы уынгыл Сталины уынджы рдӕм фӕцӕйцӕугӕйӕ, фехӕлдта фӕндагон змӕлды фӕтк, нӕ радта фӕндаг ӕмӕ сӕмбӕлд Toyota Mark X маркӕ машинӕйыл", - радзырдтой пресс-службӕйы.

Уагдоны ма бафтыдтой, фӕндагон-транспортон цауы рӕстӕджы зианбаййафджытӕ кӕй нӕй.

Уый уыд иунӕг ФТЦ ивгъуыд къуырийы Цхинвалы, банысын кодтой Мидхъуыддӕгты министрады.

Ног хабӕртты лентӕ
0