Цхинвалимæ бастдзинад нæ аскъуыд: Къуаисайы мэр митуарды тыххæй

© Sputnik / Natalia Airiyan Транскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.02.2021
Рафыссын
Цæмæй цæрджытæ митуарды амынæты ма бахауой, уый тыххæй Къуаисайы дæр æмæ столицæмæ фæндаг дæр сыгъдæг кæнынц грейдерæй, фехъусын кодта бынæттон администрацийы сæргълæууæг

ЦХИНВАЛ, 17 фев – Sputnik, Хъуылымбегты Азæмæт. Хуссар Ирыстоны Къуыдаргомы фæстаг суткæйы ныууарыд 15 сантиметры онг мит, фæлæ уый нæ бахъыгдардта фæндагон бастдзинад столицæимæ, фехъусын кодта Sputnik Къуаисайы мэр Бæззаты Геннадий.

Горӕты коммуналон службӕтӕ пырх кӕнынц сæрмагонд æрмæгæй столицæйы уынгтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.02.2021
Митуарды фæстиуæг: Цхинвалы коммуналон службӕтӕ калынц уынгтыл змис æмæ цæхх

Хуыцаубоны митуарды аххосæй æхгæд æрцыд Транскавказаг автомагистраль. Цалдæр бон фæстæдæр мит æрхæццæ ис Цхинвал, Къуаиса æмæ æндæр цæрæн пункттæм дæр.

"Цхинвалимæ бастдзинад ис. Фæндагон службæтæ асыгъдæг кодтой трассæ Цхинвал-Къуаиса.. Ныртæккæ та грейдер хафы горæты уынгтæ. Электроифтонгадимæ дæр нæм ницы проблемæтæ фæзынд, уавæр нæм у нывыл", - загъта Бæззаты Геннадий.

Уый ма ныфс бавæрдта, зæгъгæ кæд æввахс бонты дæн прогнозтæ митуард æвдисынц, уæддæр уый ницы зындзинæдтæ æрхæсдзæн къуыдаргомы цæрджыты æрвылбонон царды - фаг сæм ис техникон ресурс фæндæгтæ сыгъдæг кæнынæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0