Уӕрӕсейаг снайпертӕ ныццагътой "знаджы" командирты Хуссар Иры хӕхты

© Sputnik / Виталий Аньков /  Ахизын медиабанкмæСнайпер
Снайпер - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.02.2021
Рафыссын
Ахуырты рӕстӕджы ма снайпертӕ ноджы ӕппӕрстой ныхмӕлӕууӕджы уӕлдӕфон динамикон нысӕнттӕ, уыдон пайда кодтой разыскарӕн ӕнӕпилотон аппараттӕй

ЦХИНВАЛ, 19 фев - Sputnik. Уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы снайпертӕ сӕрмагонд ахуырты рӕстӕджы скуынӕг кодтой условон ныхмӕлӕууӕджы командирты Хуссар Ирыстоны хӕхты. Уый тыххӕй хъусын кӕны Хуссар ӕфсӕддон зылды пресс-службӕ.

Уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ Хуссар Иры спайда кӕндзысты нырыккон хӕсты фӕлтӕрддзинадӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.01.2021
Уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ Хуссар Иры спайда кӕндзысты нырыккон хӕсты фӕлтӕрддзинадӕй

Ахуыртӕ организацигонд ӕрцыдысты ерысты хуызы - уыцы иу хӕслдӕвӕрдыл куыстой ӕмрӕстӕджы  цалдӕр снайперон къорды.

"Снайпертӕ сысӕгӕй хызтызсты дӕсгай километрты сӕрты ӕнӕзонгӕ бынӕтты, ӕнӕ хъӕлмбайӕ иу ахызтысты хъахъхъӕнӕн заставӕты цурты, цӕмӕй ныццӕгъдон "знаджы" командирты", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Хӕслӕвӕрд сӕххӕстгӕнгӕйӕ -иу ӕфсӕддонтӕ сӕхи бааууон кодтой хӕхты, хъӕдты. Уӕлдай хъусдард здӕхт цыд ӕрдзон ӕрмӕджытӕй маскировкӕмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0