Хуссар Ирыстоны рабӕрӕг кодтой ноджы авд рынчыны COVID-19-ӕй

© Sputnik / Алексей Майшев /  Ахизын медиабанкмæCOVID-19
COVID-19 - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.02.2021
Рафыссын
Ӕппӕт пандемийы рӕстӕджы, "Югосетпотребнадзор"-ы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, республикӕйы ӕдӕппӕт сарӕзтӕуыд 17 938 тесты, уыдон равдыстой, коронавирус кӕй бахӕцыд 3 минӕй фылдӕр адӕймагыл

ЦХИНВАЛ, 20 фев – Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны коронавирусон инфекци бахӕцыд ноджы авд адӕймагыл, ӕппӕт пандемийы рӕстӕджы фӕрынчынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц схызт 3008 онг.

"ПЦР-лабораторийы ивгъуыд суткӕ сарӕзтой 82 тесты COVID-19 рафӕлгъауыны тыххӕй, уыдонӕй авд равдыстой низы уӕвынад", - фехъусын кодта Sputnik майрӕмбоны "Югоосетпотребнадзор"-ы сӕрдары хӕдивӕг Гаглойты Анна.

Уый ма бафтыдта, фӕстаг суткӕйы медицинон хыгъдӕй кӕй систой 12 пациенты, ӕдӕппӕт сӕнӕнизуӕвджыты нымӕц схызт 2 129 онг. Стационарон ӕмӕ амбулаторон хоскӕнынадыл, уагдоны бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, сты 879 коронавирусӕй рынчын пациенты.

Ӕппӕт пандемийы рӕстӕджы, "Югосетпотребнадзор"-ы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, республикӕйы ӕдӕппӕт сарӕзтӕуыд 17 938 тесты, уыдон равдыстой, коронавирус кӕй бахӕцыд 3 минӕй фылдӕр адӕймагыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0