Хуссар Иры президент радта "Симд"- ы артисттӕн хорзӕхтӕ

© Sputnik / Natalia Airiyan "Симд"
 Симд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.02.2021
Рафыссын
020 азы Бибылты Анатолий 2020 азы бахӕс кодта "раздахын ансамблы ивгъуыд кад", уый фӕстӕмӕ "Симд"- мӕ ӕрхуыдтой ног аивадон къухдариуӕггӕнӕг, ранӕуӕггонд рцыд йе сконд ӕмӕ концертон нывӕзт

ЦХИНВАЛ, 20 фев – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий бацыд Галаты Борисы номыл паддзахадон ансамбль Симд"-ы концертмӕ ӕмӕ радта артисттӕ ӕмӕ административон куысджытӕн кадджын хорзӕхтӕ. Уый тыххӕй хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

2020 азы Бибылты Анатолий 2020 азы бахӕс кодта "раздахын ансамблы ивгъуыд кад", уый фӕстӕмӕ "Симд"- мӕ ӕрхуыдтой ног аивадон къухдариуӕггӕнӕг, ранӕуӕггонд рцыд йе сконд ӕмӕ концертон нывӕзт.

Йӕ раныхасы, концерты рӕстӕджы президент банысан кодта кафджыты дӕсныйад фӕбӕрзонддӕр ис.

"Уый у райдайӕн, фыццаг къахдзӕф, кӕцытӕ аразут куыд ранӕуӕггонд коллектив. Уырны мӕ, сӕрыстыр уӕ кӕй уыдзыстӕм ӕмӕ ӕххӕст залтӕ ӕмбырд кӕндзыстут",- хъусын кӕны паддзахады разамонӕджы пресс-службӕ йӕ ныхӕстӕ.

Мадзалы кӕрон президент радта ансамблы кусджытӕн "Хуссар Ирыстоны сгуыхт артист" ӕмӕ "Хуссар Ирыстоны культурайы сгуыхт кусӕджы" нӕмттӕ ӕмӕ кады грамотатӕ.

© Sputnik / Natalia Airiyan Концерт ансамбля "Симд"
Хуссар Иры президент радта Симд- ы артисттӕн хорзӕхтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.02.2021
Концерт ансамбля "Симд"
Ног хабӕртты лентӕ
0