Цхинвалы колледжы студенттӕ хайад исынц WorldSkills чемпионаты Цӕгат Иры

© Минобрнауки Северной-ОсетииЦхинвалы колледжы студенттӕ хайад исынц WorldSkills чемпионаты Цӕгат Иры
Цхинвалы колледжы студенттӕ хайад исынц WorldSkills чемпионаты Цӕгат Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.02.2021
Рафыссын
Гом регионалон чемпионаты, кӕцы райдыдта 23 февралы, хайад исынц столицӕйы бирӕпрофилон колледжы ӕртӕ хайады студенттӕ - "Автомеханика", "Портной" ӕмӕ "Повар, кондитер"

ЦХИНВАЛ, 26 фев – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Цхинвалы бирӕпрофилон колледжы студенттӕ хайад исынц "Ӕвзонг профессионалты" (WorldSkills Russia) чемпионаты, кӕцы уагъд цӕуы Цӕгат Ирыстоны, радзырдта Sputnik колледжы директор Козаты Лира.

Цхинвалы бирӕпрофилон колледж  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.06.2020
Цхинвалы бирӕпрофилон колледж хоны абитуриентты равзарын 12 дӕсныйадӕй

"Тынг зӕрдиагӕй мӕ фӕнды зӕгъын, знон ӕнтыстджын архайд кӕй скодта "Автомеханика" хайады студент Джеранты Валерий, кӕцы иттӕг хорз ацыд ерыстӕ дыууӕ модульмӕ. Фӕстаджы уый райста 9 баллы дӕсӕй", - банысан кодта Козаты Лира.

Козаты Лирайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, абон ерысты хайад райдыдта исын Дзабиты Марик "Повар-кондитер" здӕхты.

Уый бафтыдта, зӕгъгӕ, ацы номинацийы хайадисджыты фылдӕр хай сты чызджытӕ, фӕлӕ уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, Дзабиты Марик иттӕг хорз ӕххӕст кӕны йӕ хӕслӕвӕрдтӕ.

"Чемпионаты ӕртыккаг хайадисӕг у  Тедеты Мерседес, кӕцы хайад исы пальто хуыйыны конкурсы", - загъта Козаты Лира.

Уымӕй дарддӕр колледжы директор бахахх кодта, Хуссар Ирыстоны WorldSkills Russia уӕнг нӕу, фӕлӕ уӕддӕр студенттӕ ӕрвылаз хайад исынц регионалон чемпионаты.

"Ӕрыдоны Аграрон-технологон техникумы директор Моурауты Аланы руаджы мах хайад исӕм конкурсы. Моурауты Алан мах фӕхоны хайад райсын конкурсы, фӕлӕ дзы призон бынӕттыл нӕ тох кӕнӕм. Мах схорзӕх кӕнӕн ис ӕрмӕстдӕр грамотатӕ ӕмӕ дипломтӕй", - загъта уый.

Колледжы студенттӕ ӕрвылаз хайад исынц фестивальтӕ ӕмӕ чемпионатты. Цхинвалы колледжы студенткӕ Плиты Алла 2019 азы бацахста фыццаг бынат ирон уӕлибыхтӕ аразыны фӕдыл VI Ӕхсӕнадӕмон фестивалы.

Ног хабӕртты лентӕ
0