Хуссарирыстойнаг каратисттӕ рамбылдтой дыууадӕс майданы ерысты Цӕгат Иры

© Из личного архива Владимира СозаеваХуссарирыстойнаг каратисттӕ рамбылдтой дыууадӕс майданы ерысты Цӕгат Иры
Хуссарирыстойнаг каратисттӕ рамбылдтой дыууадӕс майданы ерысты Цӕгат Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.03.2021
Рафыссын
Каратистты тренеры ныхӕстӕм гӕсгӕ, спортсментӕ сӕхи иттӕг хорз равдыстой

ЦХИНВАЛ, 2 мар - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Ӕвзонг каратисттӕ Хуссар Ирыстонӕй равдыстой иттӕг хорз фӕстиуджытӕ РЦИ-Аланийы чемпионат ӕмӕ фыццагады, уыдон рамбылдтой дыууадӕс майданы, фехъусын кодта Sputnik спортсменты тренер Созайты Владимир.

Хуссар Ирыстоны æрыгон каратистты цæттæгæнæн ахуыртæ Кърозы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.07.2020
Созайты Владимир: хæххон Кърозы тренировкæтæ каратисттӕн дæттынц уæлдай тых

Уый банысан кодта, ерысты нысан уыд сбӕрӕг кӕнын хъуыздӕр каратистты ӕмӕ саразын командӕ Уӕрӕсейы фыццагадмӕ, кӕцы ацӕудзӕн 2-5 апрелы Орелы.

"Дудайты Донна ӕмӕ Тедеты Анна рамбылдтой сыгъзӕрин майдантӕ, Тадтаты Софья ӕмӕ Джиджджойты Анна – ӕвзист майдантӕ, Гаглойты Диана райста бронзӕ", - загъта Созайты Владимир.

Тренер банысан кодта, спортсментӕ сӕхи хорз кӕй равдыстой ӕмӕ ныр бахызтысты РЦИ-Аланийы командӕмӕ.

"Афтӕ ма сӕхи хорз равдыстой дебютанттӕ дӕр: Цыбырты Анастасия ӕмӕ Лалыты Джер бацахстой фыццаг бынӕттӕ, Цыдугъты Милана ӕмӕ Куыридтаты Даниил та ацыдысты дыккаг бынӕттыл. Ортъаты хотӕ Аланӕ ӕмӕ Диана та сӕ кары къордты райстой бронзӕйон майдантӕ", - радзырдта журналисттӕн тренер.

Ӕппӕтстилон каратэйӕ ерысты цыдысты 25-27 февралы Цӕгат Ирыстоны Октябры хъӕуы.

Ног хабӕртты лентӕ
0