Хуссар Иры цӕрджытӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсынц дӕргъвӕтин улӕфт бонтӕ 8 марты цытӕн

© Sputnik / Виталий Тимкив /  Ахизын медиабанкмæ8 март
8 март - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.03.2021
Рафыссын
Республикӕйы ацы уалдзӕг у хъӕздыг дӕргъвӕтин улӕфт бонтӕй. Бӕрӕгбонтӕ ӕмӕ зӕрдылдарӕн датӕты къӕлиндармӕ гӕсгӕ, республикӕйы цӕрджытӕ фӕйнӕ ӕртӕ боны баулӕфдзысты цыппар хатты

ЦХИНВАЛ, 3 мар – Sputnik. Сылгоймӕгты ӕхсӕнадӕмон боны цытӕн Хуссар Ирыстоны баулӕфдзысты ӕртӕ боны фӕд-фӕдыл – 6-ӕй 8 мартмӕ.

Афтӕмӕй, Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕм сылгоймӕгты бӕрӕгбоны фӕстӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы цыбыр кусӕгон къуыри – 9-ӕй 12 мартмӕ.

Республикӕйы ацы аз дӕргъвӕтин улӕфт бонтӕ уыдзысты ноджы ӕртӕ хатт – майы. Ацы мӕй ӕртӕ боны фӕд-фӕдыл баулӕфдзысты Уалдзӕг ӕмӕ фӕллойады бӕрӕгбоны цытӕн 1-3 майы, афтӕ ма Уӕлахизы боны цытӕн – 8-ӕй 10 маймӕ. Фӕстӕдӕр республикӕйы банысан кӕндзысты РХИ паддзахадон хӕдбардзинады акт райсыны бон – 29-ӕй 31 маймӕ.

Сылгоймӕгты ӕхсӕнадӕмон бон Хуссар Ирыстоны ӕмӕ дунейы дӕсгай бӕстӕты нысан кӕнынц 8 марты. Датӕ бахастой республикӕйы бӕрӕгбонтӕ ӕмӕ зӕрдылдарӕн датӕты къӕлиндармӕ ӕмӕ у улӕфты бон.

Ног хабӕртты лентӕ
0