Хуссар Иры МСНК сбӕрӕг кодтой иууыл тыхджындӕр кусджыты

© МВД РЮОХуссар Иры МСНК сбӕрӕг кодтой иууыл тыхджындӕр кусджыты
Хуссар Иры МСНК сбӕрӕг кодтой иууыл тыхджындӕр кусджыты  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.03.2021
Рафыссын
Къорды дӕлхайӕдты хсӕн ӕрвылазон ерысты рӕстӕджы равзӕрстой иууыл цӕттӕдӕр хӕстонты - уыдон сӕ фӕразондзинады ӕвдыстой цалдӕр спортивон дисциплинӕйӕ

ЦХИНВАЛ, 3 мар - Sputnik. Хуссар Иры Гӕззаты Вадимы номыл милицийы сӕрмагонд нысаниуӕджы къорды сбӕрӕг кодтой физикон ӕгъдауӕй иууыл цӕттӕдӕр кусджыты. Ерыстӕ ӕрӕмных кодтой къорды сырӕзты 29-ӕм афӕдзыбонмӕ, хъусын кӕны МХМ пресс-службӕ.

МСНК - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.01.2021
Хъахъхъæдтой фæтк, тох кодтой вирусимæ: Хуссар Иры МСНК æрдзырдой азы фæстиуджытыл

Уӕлахиздзауты бӕрӕг кодтой куыд командон, афтӕ хисӕрмагонд бахыгъды дӕр.

"Командон бахыгъды фыццаг бынатмӕ рахызт 1-аг оперативон ротӕ, дыккаг бынат бацахста 2-аг оперативон ротӕ, ӕртыккаг бынат та бацис 3-аг оперротӕйы", - дзырдӕуы уагдоны хъусинаджы.

Афтӕ ма ацыдысты ерыстӕ хисӕрмагонд бахыгъды дӕр цалдӕр спортивон дисциплинӕйӕ ӕмӕ цыппар уӕзы категорийы.

Милицийы сӕрмагонд нысаниуӕджы къорды дӕлхайӕдты хсӕн ерыстӕ уагъд фӕцӕуынц ӕрвылаз дӕр спорты хуызтӕ парахат кӕнын ӕмӕ хисӕрмагонд сконды профессионалон цӕттӕдзинад фӕбӕрзонддӕр кӕныны нысанӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0