Хуссар Иры парламент ӕркӕсдзӕн премьер-министры кандидатурӕмӕ

© Sputnik / Natalia AiriyanРХИ парламент
РХИ парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.03.2021
Рафыссын
Бекъойты Геннадийы кандидатурӕ президент бавдыста закондӕттӕг органмӕ 2020 азы сентябры, фӕлӕ рабадтыты бойкоты тыххӕй ацы кандидатурӕмӕ не ркастысты

ЦХИНВАЛ, 9 мар – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламент ӕввахсдӕр сессийыл нывӕнды ӕркӕсын республикӕйы премьер-министры бынатмӕ кадидатурӕйыл, фехъусын кодта парламенты спикер Тадтаты Алан.

Программӕ "Вслух о…"-йы эфиры президент Бибылты Анатолий фехъусын кодта, ӕрӕджы кӕй барвыста парламентмӕ фыстӕг, цӕмӕй ӕркӕсой Бекъойты Геннадийы кандидатурӕмӕ хицауады сӕрдары бынатмӕ. Фарон сентябры депутаттӕ ӕрӕмбырд сты сессимӕ, цӕмӕй ӕркӕсой президенты ӕнхъарӕнмӕ, фӕлӕ дзы хайад нӕ райстой оппозицион депутаттӕ.

"Президент ӕнхъӕлмӕ кӕсы парламенты дзуаппмӕ премьер-министры кандидатурӕйы фӕдыл. Ӕз барвыстон ацы фыстӕг парламенты комитеттӕм ӕрныхасмӕ. Ӕввахс ссессимӕ мах рахӕсдзыстӕм ацы фарст", - загъта Тадтаты Алан.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, сессийы боны фӕткмӕ бахастой ӕндӕр ахсджиаг законы проекттӕ, сӕ нымӕцы дыууӕ конституцион законы – депутаты статусыл ӕмӕ парламенты фӕдыл.

Парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.02.2021
Хуссар Иры парламент райста бюджет æнæ кворумæй

Депутатты позицийы тыххӕй, кӕцытӕ ӕрдӕг азы дӕргъы нӕ цӕуынц парламенты рабадтытӕм, Тадтаты Алан баныфсӕвӕрдта, уыдон кӕй ӕрбацӕудзысты сессимӕ.

"Ныфс мӕ ис, уыдон кӕй бамбӕрстой, сӕ бойкот ӕнӕзаконон кӕй у ӕмӕ дзы пайда кӕй нӕй. Хуыздӕр уыдзӕн, цӕмӕй парламенты ӕххӕст кӕной сӕ куыст ӕмӕ скъуыддзаг кӕной ахсджиаг фарстытӕ", - бафтыдта закондӕттӕг органы сӕргълӕууӕг.

Фарон сентябрӕй парламент ӕрмӕст дыууӕ хатт ӕрӕмбырд сессимӕ – цӕмӕй рахицӕн кӕной ӕхцатӕ медиктӕн фиддонтӕн ӕмӕ уӕрӕсейаг парламентон делегацийы балцы рӕстӕджы республикӕмӕ.

Афтӕ ма, февралы парламент райста республикӕйы бюджет, сессийы хайад райстой 18 депутаты 34-ӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0