Театр равдисдзӕн трагеди "Антигона" хистӕркъласонтӕн

© Sputnik / Наталья АйриянСпектакль "Антигона"
Спектакль Антигона - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.03.2021
Рафыссын
Равдысты фӕстӕ уыдзӕн йӕ фӕдыл аныхастӕ, уынаффӕты хайад исдзысты скъолаты ӕмӕ ХИПУ-йы ахуыргӕнджытӕ

ЦХИНВАЛ, 10 мар - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хетӕгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театр Мӕскуымӕ балцы агъоммӕ республикӕйы хистӕркъласонтӕн равдисдзӕн трагеди "Антигона", уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодта уагдоны аивадон къухдариуӕггӕнӕг Дзудцаты Тамерлан.

Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Иры паддзахадон драмон театры труппæ спектакль "Антигона"-ы тыххæй ныры онг рахицæн кодтой цалдæр æхсæнадæмон фестивальты призтæй.

"Театр 5-8 уыдзӕн Мӕскуыйы, уым равдисдзысты "Антигона". Спектакль майрӕмбон ам бынаты равдисдзыстӕм, фылдӕр бӕрцӕй хуынд цӕуынц хистӕркъласонтӕ хъӕуты скъолатӕй Дзау ӕмӕ Цхинвалы районтӕй сӕ ахуыргӕнджытимӕ, стӕй ма ХИПУ-йы ахуыргӕнджытӕ. Равдысты фӕстӕ уыдзӕн йӕ фӕдыл аныхастӕ", - загъта уый.
Спектакль Антигона - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.11.2019
Спектакль "Антигона" равдисдзысты æхсæнадæмон театралон фестивалы

Дзудцаты Тамерлан ма бафтыдта, ахӕм фӕлтӕрддзинад уый фӕстӕ дӕр адарддӕр кӕндзысты.

"Фыццаг хатт фӕлварӕм ацы формат, фӕстӕдӕр ма фӕнд кӕнӕм "Фандо и Лис" дӕр равдисын", - бафтыдта Дзудцаты Тамерлан.

Дзудцаты Тамерлан трагеди "Антигона" сӕвӕрдта французаг драматург Жан Ануй антикон сюжеты бындурыл пьесæмæ гæсгæ. Сӕйраг хъайтарты фӕлгӕнцтӕ ӕххӕст кæнынц ӕвзонг актертӕ — Бекъойты Зӕринӕ Антигонайы ролы ӕмӕ Цоциты Андрей та йӕ уарзон Гемоны ролы. Уыдонӕн ацы спекталь у сӕ дебютон.

Ног хабӕртты лентӕ
0