Хуссар Иры парламент ӕрӕмбырд сессимӕ, ӕрбацыдысты оппозицион депутаттӕ дӕр

© Sputnik / Диана КозаеваХуссар Иры парламент ӕрӕмбырд сессимӕ
Хуссар Иры парламент ӕрӕмбырд сессимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.03.2021
Рафыссын
Рабадты 34 депутатӕй хайад исынц 31. Мадзалмӕ ма ӕрбацыд президент Бибылты Анатолий дӕр. Боны фӕткы сӕйраг фарст - хицауады сӕрдары снысан кӕнын

ЦХИНВАЛ, 12 мар - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Иры парламенты райдыдта сессийы рабадт, кӕцыйы сӕйраг фарст у ӕркӕсын президенты ӕнхъарӕнмӕ Бекъойты Геннадийы хицауады сӕрдарӕй снысан кӕныны фӕдыл.

Рабадты хзайад исынц депутаттӕ дӕр, кӕцытӕ ӕрдӕгазы дӕргъы нӕ сыдысты сесситӕм. Мадзалмӕ ма ӕрбацыд президент Бибылты Анатолий дӕр. Залы ӕдӕппӕт ис 31 депутаты (сӕ иумӕйаг нымӕц - 34). 

Сессийы боны фӕткы ма ис паламенты 16 февралы ацӕуӕг рабадт ӕнӕзакононыл банымайыны фарст дӕр. Уӕд парламент райста паддзахадон бюджет ӕнӕ кворумӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0