"Югосетпотребнадзор"-ы радзырдтой коронавирусӕй ног рынчынты тыххӕй

© Sputnik / Алексей Майшев /  Ахизын медиабанкмæCOVID-19.
COVID-19. - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.03.2021
Рафыссын
Санитарон уагдон дарддӕр дӕр йӕ хъус дары республикӕйы эпидемиологон уавӕрмӕ, банысан кодта комитеты сӕргълӕууӕг Коцты Марина

ЦХИНВАЛ, 12 мар - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны фӕстаг суткӕйы рабӕрӕг кодтой цыппар ног рынчыны коронавирусӕй, фехъусын кодта Sputnik "Югосетпотребнадзор"-ы сӕргълӕууӕг Коцты Марина.

"Санитарон уагдон дарддӕр дӕр йӕ хъус дары республикӕйы коронавирусон инфекцийы апарахаты фӕдыл сӕвзӕргӕ эпидемиологон уавӕрмӕ. Ивгъуыд суткӕйы нӕ ПЦР-лабораторийы сарӕзтам 82 иртӕсты, уыдонӕй коронавирус рабӕрӕг ис цыппар адӕймагӕн", - загъта уый.

Коцты Марина ма банысан кодта, медицинон хыгъдӕй ивгъуыд суткӕйы кӕй систой ноджы 13 пациенты, республикӕйы ма стационарон ӕмӕ амбулаторон хоскӕнынадыл ис 477 адӕймаджы.

Коронавирус рабӕрӕг кӕныны тыххӕй ӕдӕппӕт республикӕйы сарӕзтӕуыд 19 106 тесты, уыдонӕй низы уӕвынӕд рабӕрӕг кодтой 3135 иртӕсты.

Ног хабӕртты лентӕ
0