Бекъойты Геннадий слӕудзӕн хицауады сӕргъ. Йӕ кандидатурӕ хорзыл банымадта парламент

© Sputnik / Natalia Airiyan Бекъойты Геннадий
Бекъойты Геннадий - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.03.2021
Рафыссын
Фарон сентябрӕй фӕстӕмӕ Бекъойты Геннадий уыд хицауады сӕрдары хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг

ЦХИНВАЛ, 12 мар – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламент сразы президенты куырдиатыл Бекъойты Геннадийы премьер-министрӕй сӕвӕрыны фӕдыл.

Хуссар Иры парламент ӕрӕмбырд сессимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.03.2021
Хуссар Иры парламент ӕрӕмбырд сессимӕ, ӕрбацыдысты оппозицион депутаттӕ дӕр

Паддзахады сӕргълӕууӕджы куырдиатмӕ ӕркастысты сессийы рабадтыл абон, кӕцыйы хайад райста президент йӕхӕдӕг дӕр.

Президент базонгӕ кодта депутатты кандидаты биографиимӕ, банысан кодта йӕ сгуыхтдзинӕдтӕ экономикӕйы министр ӕмӕ хицауады сӕрдары хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕджы бынӕтты.

Депутат Санахъоты Давид банысан кодта, парламентмӕ Бекъойты Геннадийы кандидатурӕ куы барвыстой, уӕд уый "Газпром-Хуссар Ирыстон"-ы сӕргълӕууӕг дӕр, ӕмӕ уый та халы хицауады закон, кӕцымӕ гӕсгӕ нӕй гӕнӕн ӕххӕст кӕнын коммерцион архайд.

Президент бамбарын кодта, организаци кӕй нӕ ӕххӕст кодта коммерцион архайд, ӕмӕ Бекъойты Геннадий уым мызд нӕ иста.

"Хуссар Ирыстоны газифтонгады фарст куы скъуыддзаг кодтой, уӕд сарӕзтӕуыд ацы организаци – "Газпром-Хуссар Ирыстон". Хъусдард ӕмӕ документы ӕрзылд ӕххӕст кӕныны нысанӕн ацы периоды Бекъойты Геннадийы снысан кодтой уагдоны директорӕй" – загъта Бибылты Анатолий.

Бекъойты Геннадий радзырдта хицауады фидӕны нывӕзтыты тыххӕй, сӕ нымӕцы республикӕйы мыздтӕ фӕфылдӕр кӕнын, саразын социалон фӕдзӕхсты фонд, адарддӕр кӕнынын куыст цӕрӕнуат ипотекӕйы дӕттыны фӕдыл, сног кӕнын хъӕууон хӕдзарады техникӕйы парк.

Ацы фарсты фӕдыл уыд сусӕг хъӕлӕсдӕттын.

Рабадты уыд 31 депутаты, уыдонӕй 19 хорзыл банымадтой Бекъойты Геннадийы кандидатурӕ, 11 та схъӕлӕс кодтой йӕ ныхмӕ. Иу депутат – Мулдарты Гарри – нӕ райста хайад хъӕлӕсдӕттыны.

Биографион справкӕ

Бекъойты Геннадий Борисы лӕппу райгуырд 1981 азы Цхинвалы.

1998 азы каст фӕцис ӕхсӕзӕм астӕуккаг скъола, уый фӕстӕ та службӕ кожта РХИ фидауынгшӕнӕг тыхты сконды.

2003 азы каст фӕцис Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты "Математикӕйы" дӕсниад.

2004-2008 азты службӕ кодта РХИ Хъахъхъӕнынады министрады.

2012 азы йӕ снысан кодтой РХИ стандартизаци ӕмӕ метрологийы фӕдыл комитеты сӕрдары хӕдивӕгӕй.

2014 азы йӕ равзӕрстой парламенты депутатӕй политикон парти "Иугонд Ирыстонӕй".

2018 азы йӕ снысан кодтой РХИ вице-премьер ӕмӕ экономикон райрӕзты министрӕй.

2020 азы августы нысангонд ӕрцыд премьер-министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕгӕй.

Ис ын бинонтӕ, хъомыл кӕны цыппар сывӕллоны.

Ног хабӕртты лентӕ
0