Фæндагон службæтæ сгарынц трассæ: УУМ Транскамы уавæры тыххæй

© МЧС РЮОТранскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.03.2021
Рафыссын
Уагдоны радзырдтой, Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы иугæнæг трассæйыл кæй у тас зæйтæ æрцæуынæй, афтæ ма дзы ис æвзæр боныгъæд дæр

ЦХИНВАЛ, 17 мар - Sputnik, Хъуылымбегты Азæмæт. Транскавказаг автомагистраль нырма у æхгæд зæйты æрцыдæй тасы тыххæй, фехъусын кодтой Sputnik Хуссар Ирыстоны УУМ радгæсон хайады.

Транскам рæстæгмæ сæхгæдтой дыццæджы æхсæв тыхджын митуард æмæ зæйты æрцыдæй тасы тыххæй.

"Зæйтæ æруадзыны фæдыл службæтæ сгарынц трассæйы уавæр. Боны æртæ сахатæй фæстæмæ синоптиктæ рагзагъд кæнынц митуард, уымæ гæсгмæ фæндаг абон нæ бакæндзысты", - загътой УУМ.

Транскавказаг автомагистраль - бӕрзондхӕххон иунӕг трассӕ, кӕцы иу кӕны Хуссар Ирыстон Уӕрӕсеимӕ. Зымӕгон рӕстӕг фӕндагыл арӕх фӕзынынц зындзинӕдтӕ митуард ӕмӕ зӕйты тыххӕй. Арӕх республикӕ фӕиппӕрд вӕййы ӕнӕхъӕн дунейӕ цалдӕр бонмӕ зӕйты ӕрцыды аххосӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0