Югосетпотребнадзоры радзырдтой коронавирусӕй ног рынчынты тыххӕй

© REUTERS / AMMAR AWADКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.03.2021
Рафыссын
Республикӕйы пандемийы рӕстӕджы ӕдӕппӕт сарӕзтой 19 мин тестӕй фылдӕр коронавирус рабӕрӕг кӕныны фӕдыл, уыдонӕй 3154 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг

ЦХИНВАЛ, 18 мар - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны иу суткӕмӕ сбӕрӕг кодтой COVID-19-ӕй фондз ног рынчыны, фехъусын кодта цыппӕрӕмы Sputnik санитарон уагдоны сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гаглойты Анна.

"Ивгъуыд суткӕйы Югосетпотребнадзоры лабораторийы сарӕзтӕуыд 74 тесты коронавирусы фӕдыл, уыдонӕй фондз радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг", - загъта уый.

Гаглойты Анна бафтыдта, зӕгъгӕ, иу суткӕмӕ дохтырты хъусдардӕй систой ӕхсӕз адӕймаджы. Хуссар Ирыстоны пандемийы рӕстӕджы коронавирусӕй ӕдӕппӕт сӕнӕниз сты 2693 адӕймаджы. Медикты хъусдарды бын стационарон ӕмӕ амбулаторон хоскӕнынадыл сты 461 адӕймаджы.

Республикӕйы пандемийы рӕстӕджы ӕдӕппӕт сарӕзтой 19 мин тестӕй фылдӕр коронавирус рабӕрӕг кӕныны фӕдыл, уыдонӕй 3154 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг.

Ног хабӕртты лентӕ
0