Адæмон къамисæджы бæллиц: Цхинвалы ацæудзæн Гæбæраты Неллийы куыстыты равдыст

© Sputnik / Наталья АйриянГæбæраты Нелли
Гæбæраты Нелли - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.03.2021
Рафыссын
Гæбæраты Нелли йæ цардæй ахицæн 2019 азы уалдзæджы. Хъæлдзæг, активон æмæ ирд сылгоймаджы æнæнхъæлæджы мæлæтыл фæрыст æгас горæт. Ахуыргæнæг профессимæ гæсгæ, фæлæ æвæллад къамисæг уыд республикæйы алы ахадгæ цауты æмæ мадзæлтты архайæг

ЦХИНВАЛ, 19 мар — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы цæрджыты иу къорд нывæндынц дзæнæттаг адæмон къамисæг, ахуыргæнæг æмæ активист Гæбæраты Неллийы æнæсæххæстгонд фæнд – Цхинвалы йæ куыстыты равдыст ауадзын - сæххæст кæнын. Инициатортæй иу Хъоцыты Диана куыд радзырдта Sputnik, афтæмæй социалон хызæгты адæм æвдисынц æххуысы хъæппæрис.

Гæбæраты Нелли йæ цардæй ахицæн 2019 азы уалдзæджы. Хъæлдзæг, активон æмæ ирд сылгоймаджы æнæнхъæлæджы мæлæтыл фæрыст æгас горæт. Ахуыргæнæг профессимæ гæсгæ, фæлæ æвæллад къамисæг уыд республикæйы алы ахадгæ цауты æмæ мадзæлтты архайæг.

"Фейсбукы ныффыстон ацы хъæппæрисы тыххæй æмæ бирæты бафæндыд баххуыс кæнын. Стæй ма æнцой кæндзыстæм хицауады æххуысыл дæр", - загъта Хъоцыты Диана.

Уый ма бафтыдта, равдыстæй дарддæр ма кæй фæнд кæнынц йæ къамтимæ рауадзын открыткæтæ дæр.

"Открыткæтыл хорз уаид иу фарсыл адæмы мысинæгтæ ныммуыхуыр кæнын, рауадзын альбом. Æввах рæстæджы ауадздзыстæм æмбырд æмæ мадзалы лыстæгдзинæдтæ аскъуыддзаг кæндзыстæм", - бафтыдта инициатор.

Къамисæг Гæбæраты Неллийы ном сæнусон кæндзысты Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.05.2019
Адæмон къамисæг Гæбæраты Неллийы ном сæнусон кæндзысты Цхинвалы

Уымæй размæ ма фехъусын кодтой, столицæйы улæфæн зонæтæй иуы кæй сараздзысты Гæбæраты Неллийæн æнахуыр цырт. Номарæн къуым хъавыдысты скæнын дзæнæттаг нывисæджы уарзон къамтæй иуы æнгæс, фæлæ фæнд нырма æххæст не ʻрцыд.

Адӕмон къамисӕгыл цыд 62 азы. Йæ чысыл къамисæны объективы бахауд столицæйы алкæцы цæрæг дæр. Йӕ куыстытӕ уыдысты Хуссар Иры ӕппӕт конкурсты уӕлахиздзауты нымӕцы. Ӕппӕт нысаниуӕгджын мадзӕлттӕм уый хӕццӕ кодта профессионалон журналисттӕй ӕмӕ фотографтӕй раздӕр. Цхинвайлаг нывисӕджы цӕстӕнгасӕй сӕ райгуырӕн зӕххыл цы ивындзинӕдтӕ цӕуы, уыдон уыдтой Хуссар Иры бынӕттон цӕрджытӕ ӕмӕ ардыгӕй ацӕугӕ адӕм дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0