Хуссар Иры санитарон уагдоны радзырдтой коронавирусимӕ уавӕры тыххӕй

© Sputnik / Евгений Одиноков /  Ахизын медиабанкмæ COVID-19
 COVID-19 - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.03.2021
Рафыссын
"Югосетпотребнадзор"-ы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, пандемийы райдианӕй фӕстӕмӕ республикӕйы кӕй сарӕзтӕуыд 19 минӕй фылдӕр иртӕсты, 3160 тесты равдыстой ӕвӕрццаг нысаниуӕг

ЦХИНВАЛ, 19 мар – Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Ивгъуыд суткӕйы Хуссар Ирыстоны рабӕрӕг кодтой ӕхсӕз ног рынчыны коронавирусон инфекцийӕ, фехъусын кодта майрӕмбоны Sputnik "Югосетпотребнадзор"-ы сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гаглойты Анна.

"Сарӕзтам 122 раиртӕсты COVID-19 рафӕлгъауыны тыххӕй, уыдонӕй ӕхсӕз равдыстой низы уӕвынад", - загъта уый.

Гаглойты Аннайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, фӕстаг суткӕ медицинон хыгъдӕй систой 25 сӕнӕнизуӕвӕджы, хъусдарды бын та сты 442 пациенты.

"Югосетпотребнадзор"-ы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, пандемийы райдианӕй фӕстӕмӕ республикӕйы кӕй сарӕзтӕуыд 19 минӕй фылдӕр иртӕсты, 3160 тесты равдыстой ӕвӕрццаг нысаниуӕг. 2718 рынчыны ныридӕгӕн сӕнӕниз сты.

Ног хабӕртты лентӕ
0