Мадæлон æвзаджы хъæздыг авналæнтæ: "Ир-FM" рауагъта алæвæрдтæ ирон æвзагыл

© Из архива радио "Ир-FM"Мадæлон æвзаджы хъæзныг авналæнтæ: "Ир-FM" рауагъта алæвæрд ирон æвзагыл
Мадæлон æвзаджы хъæзныг авналæнтæ: Ир-FM рауагъта алæвæрд ирон æвзагыл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.03.2021
Рафыссын
Радиойы æвзонг амонджытæ - дыууæ Аннайы - кусынц хуынд уазджытимæ иумæ комкоммæ эфиры

ЦХИНВАЛ, 22 мар - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон радио "Ир-FM" рауагъта ног алæвæрд "Аннæрдыгæй бакаст", цы ран ныхас кæнынц ирон æгъдæуттæ, бæрæгбонтæ æмæ æндæр цымыдисон темæтыл. Уый тыххæй Sputnik радзырдтой уагдоны.

Ирон æвзагыл алæвæрды амонджытæ сты радиойы кусджытæ, дыууæ Аннайы – Къуылыхты æмæ Гасситы.

"Ирон удæгас дзырды дæснытæ ссарын зын у. Зæгъæн ис, нæ амонджыты "схъомыл" кодтам нæхæдæг, дыууæ Анна дæр уыдысты нæ проект "Стъалыты ферттывд"-ы архайджытæ, æмæ амондджын стæм, ацы диссаджы фæсивæд нæ командæйы скондмæ кæй бацыдысты", - загъта радиойы разамонæг Цхуырбаты Алан.

Алæвæрд "Аннæрдыгæй бакаст"-ы уынаффæ цæуы политикæйæ дарддæр æппæт темæтыл дæр.

"Алы изæр дæр фæхонæм ног уазæджы, ныхас цæуы бирæ хицæн фарстытыл. Сæ нымæцы психологи, хъайтардзинад, рекламæ, культурæ, социалон хызæгты проблемæтæ. Эфиры рæстæджы ма цæуы хъæздныг рубрикæтæ "Дзырды фарн", "Хуæджы хабæрттæ", "Боны фæд историйы", "Ӕгъдæуттæ", - загъта амонæг Къуылыхты Анна.

Иннæ амонæг Гасситы Аннайы ныхæстæм гæсгæ, ацы алæвæрды фæрцы æвдисынц мадæлон æвзаджы хъæзныг авналæнтæ.

"Комкоммæ эфиры куыстам, фæлæ ахæм форматы никуыма. Ирон æзвагыл уæ изæры эфиртæ уадзын нæ фæнды, зæгъгæ, нæ куы бафарстой, уæд сразы стæм. Уымæн æмæ кæд не ʻвзаг, хъуыдыйы æмæ æнкъарæнты тæккæ лыстæгдæр фæзилæнтæ равдисынмæ чи арæхсы, ахæм хотых хонæм, уæд æй хъуамæ згæ кæнын ма уадзаем. Мах фæнды, цаемаей нæ радиойæ фылдæр хъуыса ирон æвзаг. Боныфæстагмæ нæ фæнды нæ радиомæхъусджыты зæрдæтæ рухс кæнын, æмæ уый иронау цæуылнæ хъуамæ аразæм", - балхынцъ кодта Гасситы Аннæ.

© Из архива радио "Ир-FM"Ир-FM" рауагъта алæвæрдтæ ирон æвзагыл
Мадæлон æвзаджы хъæздыг авналæнтæ: Ир-FM рауагъта алæвæрдтæ ирон æвзагыл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.03.2021
Ир-FM" рауагъта алæвæрдтæ ирон æвзагыл

 

Ног хабӕртты лентӕ
0