Хуссар Иры сбӕрӕг кодтой ӕхсӕз ног рынчыны коронавирусӕй – Югосетпотребнадзор

© Sputnik / Евгений Одиноков /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.03.2021
Рафыссын
Бон раздӕр республикӕйы сбӕрӕг кодтой COVID-19-ӕй 12 рынчыны, пандемийы рӕстӕджы Хуссар Ирыстоны коронавирус рабӕрӕг кодтой 3178 адӕймагӕн

ЦХИНВАЛ, 23 мар - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы сбӕрӕг кодтой ӕхсӕз ног рынчыны коронавирусӕй, фехъусын кодта дыццӕджы Sputnik Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гаглойты Анна.

"Югосетпотребнадзоры лабораторийы сарӕзтӕуыд 64 тесты, уыдонӕй ӕхсӕз радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг", - загъта уый.

Гаглойты Анна банысан кодта, ивгъуыд суткӕйы медицинон хыгъдӕй кӕй систой 21 адӕймаджы, дохтырты хъусдарды бын ма стационарон ӕмӕ амбулаторон хоскӕнынадыл сты 424 фӕрынчынуӕвӕджы.

Хуссар Ирыстоны пандемийы период ӕдӕппӕт сарӕзтӕуыд 19 725 иртӕсты коронавирус рабӕрӕг кӕныны фӕдыл, уыдонӕй 3178 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг, 2754 пациенты сӕнӕниз сты.

Ног хабӕртты лентӕ
0