Хуссар Иры культурæйы фадыджы расидтысты Нарты кадджыты азæй

© Facebook/Zarema IbragimovaНарт Сырдон
Нарт Сырдон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.03.2021
Рафыссын
Нарты кадджыты аз ӕххӕст кӕныны фӕлгӕтты нывӕзтгонд сты мадзӕлттӕ - сӕ нымӕцы чингуыты рауагъд ӕмӕ скъолаты уроктӕ

ЦХИНВАЛ, 23 мар – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны культурӕйы фадыджы 2021 аз расидтысты Нарты эпосы азӕй. Министрады разамонӕг Зассеты Жаннайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, йӕ фӕлгӕтты цы мадзӕлттӕ ӕххӕст цӕуой, уыдон ахъаз уыдзысты Нарты кадджыты ахуыр ӕмӕ парахат кӕнынӕн.

Тугъанты Махарбеджы юбилеймӕ Цхинвалы рацыд йӕ куыстыты репродукцитимӕ къӕлиндар - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.03.2021
Тугъанты Махарбеджы юбилеймӕ Цхинвалы рацыд йӕ куыстыты репродукцитимӕ къӕлиндар

"Махӕй алчидӕр Нарты кадджытӕ куынӕ зона,уӕд йӕхи сӕрыстырӕй ирон ма хъуамӕ хона. Нарты кадджыттӕ та арф банкъарӕн ис Тугъанты Махарбеджы куысты руаджы, уымӕн рауагътам йӕ куыстыты репродукцитимӕ къӕлиндар,  стӕй  ма ацы аз йӕ райгуырдыл сӕххӕст ис 140 азы", - загъта министр Зассеты Жанна.

Нарты кадджыты аз ӕххӕст кӕныны фӕлгӕтты нывӕзтгонд сты ноджы ӕндӕр мадзӕлттӕ.

"Астӕуккаг скъолаты цӕуынц сӕрмагонд уроктӕ Нарты кадджытӕй. Кадджыты фӕнд кӕнӕм рауадзын ирон ӕмӕ уырыссаг ӕвзӕгтыл",- бафтыдта уый.

Ног хабӕртты лентӕ
0