Транскамыл ӕрцыд зӕйтӕ: УУМ радзырдтой фӕндагыл уавӕры тыххӕй

© SputnikТранскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.03.2021
Рафыссын
Иунӕг фӕндаг, кӕцы иу кӕны Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы, нырма дӕр у ӕхгӕд ӕвзӕр боныгъӕд ӕмӕ зӕйтӕ ӕрцӕуыны тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 23 мар – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Транскавказаг автомагистраль нырма дӕр у ӕхгӕд зӕйтӕ ӕрцӕуыны тасы тыххӕй, фехъусын кодтой Sputnik Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) радгӕсон хайады.

Дыццӕджы, 21.00 сахатӕй фӕстӕмӕ Транскамыл сӕхгӕдтой фӕндагон змӕлд ӕвзӕр боныгъӕды тыххӕй.

"Фӕндаджы хуссайраг фарсыл ӕрцыд иу зӕй, уый сыгъдӕг кӕнынц фӕндагон службӕтӕ. Цӕгаттаг фарсыл дӕр ӕрцыд цалдӕр зӕйы, фӕлӕ нырма цӕуы хӕххон районты басгӕрст, цӕмӕй ссарой тӕссаг бынӕттӕ ӕмӕ фехсой зӕйты", - загътой радгӕсон хайады.

УУМ бафтыдтой, Транскавказаг автомагистралы фӕндагон змӕлд бакӕныны фӕдыл информаци гӕнӕн ис фӕзына боны дыккаг хай.

Транскавказаг автомагистраль - бӕрзондхӕххон иунӕг трассӕ, кӕцы иу кӕны Хуссар Ирыстон Уӕрӕсеимӕ. Зымӕгон рӕстӕг фӕндагыл арӕх фӕзынынц зындзинӕдтӕ митуард ӕмӕ зӕйты тыххӕй. Арӕх республикӕ фӕиппӕрд вӕййы ӕнӕхъӕн дунейӕ цалдӕр бонмӕ зӕйты ӕрцыды аххосӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0