Хуссар Иры схызт ӕртаджы аргъ

© Sputnik / Natalia Airiyan Ӕртагкӕнӕн станц
Ӕртагкӕнӕн станц - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.03.2021
Рафыссын
Ӕртаджы алкӕцы хуызы аргъ дӕр цӕй тыххӕй фӕфылдӕр ис, уый тыххӕй бакӕсут Sputnik бацӕттӕгонд ӕрмӕджы

ЦХИНВАЛ, 24 мар – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Хуссар Ирыстоны фӕзынаргъ уыдзысты ӕртаджы алы хуызы ӕргътӕ дӕр, кӕцыдӕр ӕртагкӕнӕн станцы ныридӕгӕн дӕр фӕзынаргъ ис бензин. Ӕрӕджыйы онг АИ-92 аргъ уыд 36-38 сомы, АИ-95 та 41-42 сомы. Газы аргъ уыд 27 сомы. Ныртӕккӕ та 95-ӕм бензин ныккӕнӕн ис 43 сомӕй.

Хуссар Ир ис дыккаг бынаты Европæйы æртаг АИ-95 ныллæг аргъæй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.02.2020
Хуссар Ир ис дыккаг бынаты Европæйы æртаг АИ-95 ныллæг аргъæй

Цхинвалы ӕртагкӕнӕн станцтӕй иуы хицау куыд радзырдта, афтӕмӕй ӕргъты фӕфылдӕры аххосаг у, Уӕрӕсейы хисӕрмагонд станцты дӕр иу тоннӕ бензины аргъ кӕй фӕзынаргъ кодтой фараст сомы, уый. Ацы хабар йӕ фӕстӕ расайдта ӕргъты фӕфылдӕр Цхинвалы дӕр.

Тагъд рӕстӕджы АИ-92 маркӕ бензины литры аргъ уыдзӕн 41-42 сомы, АИ-95 та – 45 сомы. Газы аргъ дӕр схиздзӕн 30 сомы онг. Дизелон ӕртаджы кой нырма ничи кӕны.

Процентон ӕгъдауӕй ӕргътӕ фӕзынаргъ уыдзысты:

  • АИ-92 – 10-13 проценты онг
  • АИ-95 – 4-9 проценты онг
  • Газ – 11 проценты онг

"Югосетнефтепродукт"-ы директор Джыгкайты Сосланы ныхӕстӕм гӕсгӕ, паддзахадон ӕртагкӕнӕн станцы нырма ӕргътӕ нӕ фӕфылдӕр сты, фӕлӕ ӕввахс рӕстӕджы уым дӕр фӕзынаргъ уыдзӕн бензин. Фӕлӕ кӕд ӕмӕ цас - нырма бӕрӕг нӕу, "уый баст у бӕстӕйы кухдариуӕгадимӕ".

Sputnik бахатыд ацы фарсты фӕдыл хицауадмӕ дӕр, фӕлӕ уым банысан кодтой, бӕлвырддӕр информаци кӕй фехъусын кӕндзысты ӕмбӕстӕгтӕн ӕввахс рӕстӕджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0