"Югосетпотребнадзор" фехъусын кодта коронавирусӕй ног фӕрынчынуӕвджыты нымӕц

© Sputnik / Евгений Епанчинцев /  Ахизын медиабанкмæКовид
Ковид - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.03.2021
Рафыссын
Бон раздӕр республикӕйы рабӕрӕг ис коронавирусӕй ног дӕс фӕрынчынуӕвӕджы, пандемийы райдианӕй фӕстӕмӕ та низ бахӕцыд 3189 адӕймагыл

ЦХИНВАЛ, 25 мар — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. "Югосетпотребнадзор"-ы ПЦР-лабораторийы ивгъуыд суткӕйы цы раиртӕстытӕ сарӕзтой, уыдонӕй низы уӕвынад равдыста иу тест, фехъусын кодта Sputnik цыппӕрӕмы санитарон уагдоны хистӕры хӕдивӕг Гаглойты Анна. 

"Ивгъуыд суткӕйы сарӕзтам 82 тесты, уыдон равдыстой, коронавирус кӕй ис ӕрмӕстдӕр иу адӕймагӕн", - загъта уый.

Гаглойты Анна бафтыдта, медицинон хыгъдӕй кӕй систой 19 адӕймаджы, сӕнӕнизуӕвджыты иумӕйаг нымӕц у 2798. Дохтырты хъусдарды бын ма стационарон ӕмӕ амбулаторон хоскӕнынадыл сты 391 фӕрынчынуӕвӕджы.

Пандемийы периоды ӕдӕппӕт Хуссар Ирыстоны сарӕзтӕуыд 19 минӕй фылдӕр иртӕсты коронавирус рабӕрӕг кӕныны фӕдыл, инфекцион низ рабӕрӕг ис 3189 адӕймагӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0