Хуссарирыстойнаг хъӕбысӕйхӕцӕг Дзӕгъиаты Сослан ссис Уӕрӕсейы фыццагады уӕлахиздзау

© Sputnik / Наталья АйриянДзӕгъиаты Сослан
Дзӕгъиаты Сослан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.03.2021
Рафыссын
Финалон тохы Дзӕгъиаты Сослан рамбылдта Мӕскуыйаг областы минӕвар Даниель Джопуайы

ЦХИНВАЛ, 29 мар - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссарирыстойнаг хъӕбысӕйхӕцӕг Дзӕгъиаты Сослан ссис сыгъзӕрин майданы хицау Уӕрӕсейы фыццагады уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй 18 азы кары онг фӕсивӕды хсӕн, фехъусын кодта Sputnik спортсмены тренер Коцты Тамерлан.

Уӕгъдибар хъӕбысхӕсты фыццагад уагъд цыд 25-ӕй 29-ӕм мартмӕ Дзӕуджыхъӕуы.

"Сослан тох кодта 110 килограммы уӕзы категорийы. Финалон тохы уый рамбылдта Мӕскуыйаг областы минӕвар Даниель Джопуайы ӕмӕ ссис сыгъзӕрин майдануы хицау", - загъта тренер.

Афтӕ ма Коцты Тамерлан бафтыдта, зӕгъгӕ, Уӕрӕсейы фыццагады уӕлахиздзаутӕ райсдзысты балцӕг дунейы чемпионатмӕ, фӕлӕ уый тыххӕй уӕлахиздзаутӕ нырма рацӕудзысты ӕвзарӕн этаптӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0