Хуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы арӕны хсӕн ӕрцахстой контрабандон тамакотӕ

© Северо-Осетинская таможняХуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы арӕны хсӕн ӕрцахстой контрабандон тамакотӕ
Хуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы арӕны хсӕн ӕрцахстой контрабандон тамакотӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.03.2021
Рафыссын
Тамакотӕ ӕмбӕхст уыдысты хӕдтулгӕйы, кӕцы скъӕрдта Хуссар Ирыстонӕй

ЦХИНВАЛ, 30 мар — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны таможнӕйон пост "Дӕллаг Зӕрӕмӕджы" ӕрурӕдтой тамакоты уаргъ Хуссар Ирыстонӕй. Уый тыххӕй хъусын кӕны цӕгатирыстойнаг таможнӕйы пресс-службӕ.

Тамакоты 1500 пачкӕ уыдысты ӕмбӕсхт хӕдтулгӕйы фӕстаг бадӕны, цы ран сарӕзтой ӕмбӕхсӕн. Афтӕ ма тамакотӕ ссардтой пассажирон ӕмӕ фӕстаг дуӕртты мидӕг.

"Ныртӕккӕ ссаргӕ уаргъ ӕмӕ транспортон фӕрӕз байстой, фӕткхалӕджы та фӕнд кӕнынц ӕрбаздахын административон бӕрндзинадмӕ", - дзырдӕуы пресс-службӕйы хъусинаджы.
© Северо-Осетинская таможня / Северо-Осетинская таможняХуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы арӕны хсӕн ӕрцахстой контрабандон тамакотӕ
Хуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы арӕны хсӕн ӕрцахстой контрабандон тамакотӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.03.2021
Хуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы арӕны хсӕн ӕрцахстой контрабандон тамакотӕ

Азы райдайӕнӕй таможнӕйон пост "Дӕллаг Зӕрӕмӕджы" бастой контрабандон тамакоты 30 мин пачкӕйы. Ивгъуыд улӕфт бонты "Дӕллаг Зӕрӕмӕджы" радон хатт ӕрурӕдтой контрабандон тамакоты ӕрбаласт.

Ног хабӕртты лентӕ
0