Хуссар Иры МСНК марш-бросокы сбӕрӕг кодта иууыл тыхджындӕртӕ ӕмӕ фӕразондӕрты

© Пресс-служба МВД РЮОХуссар Иры МСНК марш-бросокы сбӕрӕг кодта иууыл тыхджындӕртӕ ӕмӕ фӕразондӕрты
Хуссар Иры МСНК марш-бросокы сбӕрӕг кодта иууыл тыхджындӕртӕ ӕмӕ фӕразондӕрты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 31.03.2021
Рафыссын
Сӕрмагонд къорды дӕлхайӕдты хсӕн ахӕм ерыстӕ уагъд цӕуынц иудадзыг, цӕмӕй фӕфылдӕр кӕной кусджыты физикон цӕттӕдзинад

ЦХИНВАЛ, 31 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) сӕрмагонд нысаниуӕджы къорды (МСНК) дӕлхайӕдтӕ сӕххӕст кодтой асткилометрон марш-бросок Цхинвалы районы Хеиты хъӕуы, хъусын кӕны МХМ пресс-службӕ.

Хуссар Иры МСНК сбӕрӕг кодтой иууыл тыхджындӕр кусджыты  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.03.2021
Хуссар Иры МСНК сбӕрӕг кодтой иууыл тыхджындӕр кусджыты

Ерысты хайадисджытӕ иууылдӕр ӕрбацыдысты дислокацийы бынатмӕ хӕстон экипировкӕ ӕмӕ табелон хӕцӕнгӕрзтимӕ, банысан кодтой уагдоны.

"Ерысты фӕстиуджытӕм гӕсгӕ уӕлахидзау ссис дыккаг оперативон ротӕ, уыдон равдыстой фӕразондзинад ӕмӕ хорз физикон цӕттӕдзинад", - загътой МХМ.

Дыккаг бынатыл ацыд МСНК фыццаг оперативон ротӕ, ӕртыккаг бынатыл та ӕртыккаг оперативон ротӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0