Хуссар Иры сарӕх сты хус кӕрдӕджы ссыгъды цаутӕ

© SputnikХуссар Иры сарӕх сты хус кӕрдӕджы ссыгъды цаутӕ
Хуссар Иры сарӕх сты хус кӕрдӕджы ссыгъды цаутӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.04.2021
Рафыссын
Уалдзӕг ӕмӕ фӕззӕджы сарӕх вӕййынц зынгсирвӕзттӕ цӕхӕрадӕтты, быдырты, афтӕ ма Цхинвалы алфӕмбылай, цы ран вӕййы хус кӕрдӕг ӕмӕ къутӕртӕ

ЦХИНВАЛ, 1 апр – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Хуссар Ирыстоны зымӕг нырма нӕ фӕцис, фӕлӕ Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) радгӕсон хайадмӕ арӕх бацӕуынц хъусинӕгтӕ хус кӕрдӕг ӕмӕ къутӕрты ссыгъды фӕдыл Цхинвалы алфӕмбылай. Знон зынгфӕдисонтӕ аиуварс кодтой хус кӕрдӕджы ссыгъд микрорайон "Хурзӕрины" цур, фехъусын кодтой Sputnik УУМ радгӕсон хайады.

Зынгфирвӕзты фӕзуат уыд 500 метры бӕрц, банысан кодтой уагдоны.

"Зынгсирвӕзты фӕдыл хъусинаг ӕрбацыд радгӕсон хайадмӕ изӕры фондз сахатыл. Цауы бынатмӕ уайтагъд ацыд иу зынгфӕдисон хӕдтулгӕ. Зынгсирвӕзт аиуварс кодтой 19.00 сахатмӕ", - радзырдта агентады ныхасӕмбал.

Хуссар Ирыстоны УУМ сӕргълӕууӕджы фыццаг хӕдивӕг Бестауты Ацӕмӕзы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ахӕм зынгсирвӕзтты аххосаг фылдӕр хатт вӕйы адӕймаджы архайд. Уый гӕнӕн ис уа цӕхӕрадоны фароны кӕрдӕг басудзын, судзгӕ арт ныууадзын, кӕнӕ та судзгӕ тамако аппарын.

Министры хӕдивӕг банысан кодта, кӕрдӕг ссудзыны тыххӕй цӕрджыты нӕ ивар кӕнынц. Уый фӕдыл уагдон ауадзы ӕмбӕстӕгтимӕ профилактикон ныхас. Афтӕ ма дзыллон информацион фӕрӕзты руаджы цӕрджытӕм ӕрсидынц, цӕмӕй ма судзой хус кӕрдӕг.

Ног хабӕртты лентӕ
0