Хуссар Иры санитарон уагдоны фехъусын кодтой коронавирусӕй ног рынчынты тыххӕй

© Sputnik / Евгений Одиноков /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.04.2021
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны пандемийы рӕстӕджы сбӕрӕг кодтой 3 244 рынчыны коронавирусӕй, уыдонӕй сӕнӕнизс ты 2 879 адӕймаджы

ЦХИНВАЛ, 7 апр — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Югосетпотребнадзоры лабораторийы ивгъуыд суткӕйы сарӕзтӕуыд 76 иртӕсты коронавирусы фӕдыл, уыдонӕй цыппар радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг, фехъусын кодта Sputnik санитарон уагдоны сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гаглойты Анна.

"Дыццӕджы коронавирусы фӕдыл цы тесттӕ сарӕзтой, уыдонӕй цыппар радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг", - загъта уый.

Гаглойты Анна бафтыдта, медицинон хыгъдӕй иу суткӕмӕ кӕй систой 12 адӕймаджы, пандемийы рӕстӕджы Хуссар Ирыстоны ӕдӕппӕт сӕнӕниз сты 2 879 адӕймаджы. Дохтырты хъусдарды бын ма стационарон ӕмӕ амбулаторон хоскӕнынадыл сты 365 адӕймаджы.

Республикӕйы пандемийы райдайӕнӕй сарӕзтӕуыд 20 625 тесты коронавирусон инфекци рабӕрӕг кӕныны фӕдыл, уыдонӕй 3 244 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг.

Ног хабӕртты лентӕ
0