Хуссар Иры Генпрокуратурӕйы делегаци бабӕрӕг кодта Луганск

© Генеральная прокуратура Республики Южная ОсетияХуссар Иры Генпрокуратурӕйы делегаци бабӕрӕг кодта Луганск
Хуссар Иры Генпрокуратурӕйы делегаци бабӕрӕг кодта Луганск - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.04.2021
Рафыссын
Луганскы Адӕмон республикӕйы столицӕйы, Мысӕны скверы "Они отстояли Родину" мемориалы цур ацыд митинг, кӕцы уыд нывонд Луганскы областы Украинӕйы ӕдасдзинады службӕйы бӕстыхай сисыны ӕвдӕм афӕдзы бонӕн

ЦХИНВАЛ, 8 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстоны генералон прокуратурӕйы делегаци генпрокуроры хӕдивӕг Багаты Магомеды сӕргълӕудӕй бабӕрӕг кодта Луганск дыууӕбонон балцы ЛАР генпрокурор Сергей Горенкойы ӕрхуындӕй.

Делегаци хайад райста мадзӕлтты, кӕцытӕ нывонд уыдысты Луганскы областы Украинӕйы ӕдасдзинады службӕйы бӕстыхай сисыны ӕвдӕм афӕдзы бонӕн.

"Луганскы Адӕмон Республикӕйы столицӕйы, Мысӕны скверы "Они отстояли Родину" мемориалы цур ацыд митинг, кӕцы уыд нывонд Луганскы областы Украинӕйы ӕдасдзинады службӕйы бӕстыхай сисыны ӕвдӕм афӕдзы бонӕн, мемориалмӕ сӕвӕрдтой дидинтӕ", - дзырдӕуы уагдоны пресс-службӕйы хъусинаджы.

Хуссар Ирыстон ӕмӕ Луганскы Адӕмон республикӕйы Генпрокуратурӕтӕ 2019 азы бафыстой ӕмгуыстад, барадон ӕххуыс ӕмӕ хӕларады фӕдыл бадзырд.

Ног хабӕртты лентӕ
0