Хуссар Иры хицауад 10 апрелӕй фӕфылдӕр кӕндзӕн АИ-92 бензины аргъ

© Sputnik / Кирилл Каллиников /  Ахизын медиабанкмæӔртаджы станц
Ӕртаджы станц - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.04.2021
Рафыссын
Ӕргътӕ фӕфылдӕр уыдзысты паддзахадон куыстуат "Югосетнефтепродукт"-ы ӕртаджы станцтыл

ЦХИНВАЛ, 9 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстоны паддзахадон ӕртаджы станцтыл сабатӕй, 10 апрелӕй, АИ-92 бензины аргъ фӕфылдӕр уыдзӕн цыппар сомы – 40 сомы онг иу литрӕн цӕрджытӕн, 41 сомы та паддзахадон уагдӕттӕн. Дизелон ӕртагыл аргъ нӕ фӕивдзӕн – 42 сомы цӕрджытӕн ӕмӕ 43 сомы паддзахадон уагдӕттӕн. Уый тыххӕй хъусын кӕны хицауады пресс-службӕ.

Вице-премьер – экономикон райрӕзты министр Тадтаты Дзамболат куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй бензин уӕй кӕндзысты "хиаргъмӕ" гӕсгӕ.

"Ацы ӕргътӕ нӕ ивтой 2019 азӕй фӕстӕмӕ,. 2021 азы ӕртаджы продуктты фондон базарыл фӕзынд тенденци ӕргътӕ рӕзынмӕ", - загъта вице-премьер.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, марты райдайӕнӕй "Югосетнефтепродукт" реализаци кӕны ӕртаджы продукттӕ хиаргъмӕ гӕсгӕ. Тадтаты Дзамболат бафтыдта, зӕгъгӕ, бирӕ хисӕрмагонд ӕртаджы станцтыл уайтагъд разынд Уӕрӕсейы ӕргъты фӕфылдӕр, ӕмӕ уыдон дӕр фӕфылдӕр кодтой бензины аргъ.

Ӕртагкӕнӕн станц - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.03.2021
Хуссар Иры схызт ӕртаджы аргъ

Хицауады пресс-службӕйы ма фехъусын кодтой АИ-92 бензины аргъ Уӕрӕсейы Цӕгат Кавказы федералон зылды регионты – уый у 43,25 сомӕй 46,24 сомы онг. Дзӕуджыхъӕуы бензины аргъ у 45,50 сомы.

Уымӕй дарддӕр, хицауады банысан кодтой, 2016 азӕй фӕстӕмӕ республикӕйы экономикон райрӕзты министрадӕн кӕй ис бар ӕвзарын ӕртаджы аргъ, кӕцы реализаци кӕнынц паддзахадон куыстуӕттӕ.

"Югосетнефтепродукт" 2014 азӕй фӕстӕмӕ у нефтепродуктты официалон импортер паддзахадон куыстуат ӕмӕ компани "Роснефть"-имӕ бадзырдмӕ гӕсгӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0