Хуссарирыстойнаг ӕфсӕддонтӕ ацыдысты Цӕгат Ирмӕ АрМИ-2021-мӕ бацӕттӕ кӕнынмӕ

© МО РЮОХуссарирыстойнаг ӕфсӕддонтӕ
Хуссарирыстойнаг ӕфсӕддонтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.04.2021
Рафыссын
Рӕвдзытӕм ацыд иууыл цӕттӕдӕр ӕмӕ хорз дисциплинӕимӕ ӕфсӕддонты къорд

ЦХИНВАЛ, 9 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрады ӕсфӕддонты къорд ацыд РЦИ-Аланимӕ Ӕфсӕддон ӕхсӕнадӕмон хъӕзтытӕм бацӕттӕ кӕныны тыххӕй "Тарское" полигоны, хъусын кӕны хуссарирыстойнаг уагдоны пресс-службӕ.

Снайпер - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.02.2021
Уӕрӕсейаг снайпертӕ ныццагътой "знаджы" командирты Хуссар Иры хӕхты

Ӕфсӕддонты цӕттӕдзинад балцмӕ басгӕрста хъахъхъӕнынады министр, инӕлар-лейтенант Гассеты Ибрагим.

"Ахуыры рӕстӕджы ӕфсӕддон полигоныл ӕфсӕддонтӕ фӕфылдӕр кӕндзысты сӕ зонындзинӕдтӕ ӕмӕ курдиат", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Уагдоны бафтыдтой, зӕгъгӕ, ӕфсӕддонты нымӕц, кӕцыты бафӕндыд хайад райсын АрМИ-2021-мӕ цӕттӕкӕнынады, фӕфылдӕр кодта лимит. Рӕвдзыты хайадистӕн равзӕрстой иууыл цӕттӕдӕр ӕмӕ хорз дисциплинӕимӕ ӕфсӕддонты.

Хуссар Ирыстоны национ ӕфсады къухдариуӕгад загъта бузныг УФ Хъахъхъӕнынады министрадӕн Хуссар ӕфсӕддон зылды полигонты цӕттӕ кӕныны фадат раттыны тыххӕй.

Хуссар Ирыстоны ацы аз дыккаг хатт райсдзӕн хайад Ӕхсӕнадӕмон ӕфсӕддон хъӕзтыты, кӕцытӕ райдайдзысты августы ӕмӕ ацӕудзысты 15 бӕстӕйы территорийыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0