Хуссар Иры ХИПУ ӕмӕ Хъахъхъӕнынады министрад аскъуыддзаг кодтой саразын ӕфсӕддон кафедрӕ

© Пресс-служба МО РЮОХуссар Иры ХИПУ ӕмӕ Хъахъхъӕнынады министрад аскъуыддзаг кодтой саразын ӕфсӕддон кафедрӕ
Хуссар Иры ХИПУ ӕмӕ Хъахъхъӕнынады министрад аскъуыддзаг кодтой саразын ӕфсӕддон кафедрӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.04.2021
Рафыссын
Кафедрӕ саразыны фарстыл ӕрныхас кодтой ХИПУ къухдариуӕгад ӕмӕ хъахъхъӕнынадон уагдоны минӕвӕртты фембӕлды рӕстӕджы

ЦХИНВАЛ, 15 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ӕрныхас кодтой ахыргӕнӕндоны ӕфсӕддон кафедрӕ бакӕныны фадатыл. Ректор Тедеты Вадим ӕрныхас кодта ацы фарсты фӕдыл РХИ Гарзджын тыхты Генштабы хистӕр Виктор Федоровимӕ ӕмӕ хъахъхъӕнынады министры хӕдивӕг Сиукъаты Вадимимӕ, афтӕ ма Цӕгат Кавказы федералон университеты минӕвӕрттимӕ.

ХИПУ ӕмӕ ЦКФУ бафыстой Цхинвалы ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.04.2021
ХИПУ ӕмӕ ЦКФУ бафыстой Цхинвалы ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд

Хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй фембӕлды хайадисджытӕ ӕрдзырдтой ӕфсӕддон кафедрӕйы арӕзтады нормативон-барадон бындурыл, организацион-штатон мадзӕлттыл, хъахъхъӕнынадон уагдоны структурон дӕлхайӕдты базӕйыл ӕфсӕддон цӕттӕкӕнынад рацӕуыныл, рӕвдзытӕ ауадзыныл ӕмӕ ӕндӕртыл.

"Аскъуыддзаг кодтам саразын иумӕйаг кусӕгон къорд, кӕцыйы сконды уыдзысты ХИПУ ӕмӕ Хъахъхъӕнынады министрады минӕвӕрттӕ. Къорды фыццаджы хӕслӕвӕрдтӕ сты саразын номартивон-барадон документаци ӕмӕ финансон-экономикон документацийы проекттӕ, цӕмӕй сӕ бавдисой ХИПУ ректор ӕмӕ РХИ хъахъхъӕнынады министрмӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Хъахъхъӕнынады министрады ма банысан кодтой, ХИПУ-йы ӕфсӕддон кафедрӕ саразыны фарстыл бирӕ рӕстӕг кӕй дзырдтой ӕмӕ ацы фарсты скъуыддзаг размӕ ацыд ӕрмӕст 2021 азы.

Ног хабӕртты лентӕ
0