"Югосетпотребнадзор"-ы радзырдтой коронавирусæй ног рынчынты тыххæй

© AP Photo / Esteban FelixКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.04.2021
Рафыссын
Республикӕйы пандемийы райдианӕй коронавирусон инфекцийæ ӕдӕппӕт фæрынчын сты 3292 адæймаджы, сæнæнизуæвджыты нымæц та у 2931

ЦХИНВАЛ, 19 апр — Sputnik, Хъуылымбегты Зæлинæ. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд майрæмбоны рабæрæг кодтой фондз ног фæрынчынуæвæджы коронавирусæй, æрхаста тестыты бæрæггæнæнтæ санитарон уагдоны сӕргълӕууӕг Коцты Марина. Уый бамбарын кодта, улæфт бонты "Югосетпотребнадзор"-ы ПЦР-лабораторийы кæй нæ сарæзтой тесттæ, къуырисæры иртæстты тыххæй та фехъусын кæндзысты сом райсом.

"Майрæмбоны саразгæ 124 иртæстæй COVID-19 рабӕрӕг кодтой фондз адæймагæн", - загъта сæйраг санитарон дохтыр.

Коцты Марина бафтыдта, медицинон хыгъдӕй кӕй систой фараст адӕймаджы, пандемийы рӕстӕджы сӕнӕнизуӕвджыты иумӕйаг нымӕц схызт 2 931 онг. Дохтырты хъусдарды бын ма стационарон ӕмӕ амбулаторон хоскӕнынадыл сты 361 адӕймаджы.

Республикӕйы пандемийы рӕстӕджы ӕдӕппӕт сарӕзтой 21 396 тесты коронавирусон инфекци рабӕрӕг кӕныны фӕдыл, уыдонӕй 3 292 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг.

Ног хабӕртты лентӕ
0