Бюджет ӕмӕ кредит дзулфыцӕн заводӕн: президент ауагъта Хуссар Иры хицауады рабадт

© Пресс-служба президента РЮОРХИ хицауады рабадт
РХИ хицауады рабадт - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.04.2021
Рафыссын
Ацы аз республикӕйы паддзахадон бюджеты ӕфтиӕгты хай фӕфылдӕр иу миллиард сомы бӕрц. Ацы фӕрӕзтӕ ацӕудзысты социалон-экономикон райрӕзтмӕ, банысан кодта рабадты рӕстӕджы финансты министр

ЦХИНВАЛ, 26 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстоны паддзахадон бюджетмӕ ивындзинӕдтӕ ӕмӕ дзулфыцӕн заводӕн кредит бафидыны фӕдыл паддзахадон гарантитӕ адарддӕр кӕныны фарсты тыххӕй ӕрдзырдтой хицауады рабадтыл, кӕцы къуырисӕры ацыд президент Бибылты Анатолийы къухдариуӕгады бын. Уый тыххӕй хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

Хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.04.2021
Хуссар Иры премьер бахӕс кодта бакусын ӕмбӕстӕгты фӕдзӕхсты техникон фарстытыл

Финансты министр Хӕбӕлаты Аза куыд банысан кодта, афтӕмӕй Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн социалон-экономикон ӕмгуыстады фӕдыл ӕхсӕнхицауадон къамисы скъуыддзагмӕ гӕсгӕ, 2021 азмӕ паддзахадон бюджеты ӕфтиӕгты хай фӕфылдӕр 963 милуан сомы бӕрц ацы статьямӕ гӕсгӕ: "Финансон ӕххуыс Хуссар Ирыстонӕн социалон-экономикон райрӕзтӕн инвестицион мадзӕлттӕй дарддӕр".

Фӕфылдӕр уыдзscns паддзахадон бюджеты ӕфтиӕгтӕ (3,5 милуан сомы) ацы статьямӕ гӕсгӕ: "РХИ Национ банчы ӕфтиагӕй фиддонтӕ".

Афтӕ ма, паддзахадон гарантитӕ дӕттынц Паддзахадон унитарон куыстуат "Ирагропромсервис"-ӕн, цӕмӕй сӕххӕст кӕной сӕ хӕслӕвӕрдтӕ кредитон бадзырдмӕ гӕсгӕ, кӕцы бафыстӕуыд РХИ Нfцион банкимӕ хъӕууон хӕдзарадон техникӕ балхӕныны фӕдыл 62 милуан сомы бӕрц.

"Хъӕууон хӕдзарадӕн баххуыс кӕныны фӕдыл мах абон ӕлхӕнӕм хъӕууон хӕдзарадон техникӕ. Уый тынг ахсджиаг ӕмӕ ӕнӕмӕнгхъӕуӕг у куыд фермерон хӕдзарадтӕн, афтӕ хисӕрмагонд секторӕн дӕр", - бахахх кодта Бибылты Анатолий.

Уымӕй дарддӕр, рабадты рӕстӕджы сфидар кодтой хицауады уынаффӕйы проект, кӕцымӕ гӕсгӕ адарддӕр кодтой Национ банчы паддзахадон гарантитӕ кредиты фӕдыл, кӕцы уый размӕ радтой дзулфыцӕн куыстуатӕн.

Хуссар Иры премьер радта фӕдзӕхсттӕ Инвестпрограммӕйы реализацийы фӕдыл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.04.2021
Хуссар Иры премьер радта хӕслӕвæрдтӕ Инвестпрограммӕйы реализацийы фӕдыл

Ӕмбарынгӕнӕн фыстӕджы банысангонд ӕрцыд, дзулфыцӕн заводӕн паддзахадон гарантитӕ адарддӕр кодтой 2023 азы 30-ӕм ноябрмӕ.

Падзахады сӕргълӕууӕг бахахх кодта уый фӕдыл, паддзахадон гарантитӕ ацы ӕмгъуыды фӕстӕ кӕй нал адарддӕр кӕндзысты.

"Хъӕуы ссарын фадӕттӕ кредит бафидынӕн 2023 азмӕ, уый фӕстӕ гарантитӕ нал адарддӕр кӕндзыстӕм", - бахахх кодта Бибылты Анатолий.

Афтӕ ма, президент бахӕс кодта сӕудӕджерад, транспорт ӕмӕ энергетикӕйы фӕдыл комитеты сӕрдары хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Коцты Петрӕн саразын куырдиат куыстуаты кредит бафидыны фӕдыл ӕмӕ йӕ бавдисын хицауады аппаратмӕ майы кӕрӕттӕм. Паддзахады сӕргълӕууӕджы фӕдзӕхст сӕххӕст кӕнынмӕ йӕ хъус дардзӕн Бекъойты Геннадий.

Ног хабӕртты лентӕ
0