Хуссар Иры сбӕрӕг кодтой ӕртӕ ног рынчыны коронавирусӕй

© REUTERS / AMMAR AWADКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.04.2021
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны пандемийы рӕстӕджы сбӕрӕг кодтой 3 305 фӕрынчынуӕвӕджы коронавирусӕй, уыдонӕй 2 972 адӕймаджы сӕнӕниз сты

ЦХИНВАЛ, 27 апр – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны фӕстаг суткӕйы дӕргъы сбӕрӕг кодтой ӕртӕ ног рынчыны коронавирусӕй, фехъусын кодта сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.

Республикӕйы пандемийы рӕстӕджы сбӕрӕг кодтой 3 305 фӕрынчынуӕвӕджы коронавирусӕй.

"Иу суткӕмӕ сарӕзтӕуыд 68 тесты, уыдонӕй ӕртӕ равдыстой вирусы уӕвынад. Ивгъуыд суткӕйы ма медицинон уагдӕттӕй рафыстой цыппар адӕймаджы", - загъта Коцты Марина.

Фӕрынчынуӕвджытӕй 2 972 адӕймаджы сӕнӕниз сты. Медикты хъусдарды бын амбулаторон ӕмӕ стационарон хоскӕнынадыл сты 333 адӕймаджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0