Цхинвайлаг журналисты фæхуыдтой Дзæуджыхъæумæ курсытæм

© Из личного архива Аллы ДжагаевойЦхинвайлаг журналисты фæхуыдтой Дзæуджыхъæумæ курсытæм
Цхинвайлаг журналисты фæхуыдтой Дзæуджыхъæумæ курсытæм - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.04.2021
Рафыссын
Тренингтæ цæуынц 26-æй 30-æм апрельмæ, мастер-класстæ æрфысым кодта уазæгдон "Владикавказ"-ы конференц-зал

ЦХИНВАЛ, 27 апр - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны журналистты фæхуыдтой Цæгат Ирыстоны уагъд цæуæг квалификаци фæбæрзонддæр кæныны курсытæм. ПТРК "Ир"-ы кусджытæ дыууæйæ зонындзинæдтæ исдзысты "Техника речи"-йы хаххыл.

Цæгат Иры мыхуыр æмæ информаци хуындмæ Цхинвалæй арвыстой Паддзахадон радио "Ир"-ы ног хабæртты амонæг Дзæгъитаы Алла æмæ паддзахадон телеуынынады уацхæссæг Кокойты Анжелайы.

"Фондз бон цæудзысты. Фыццаг дыууæ боны фæстæ мæ бон у фидарæй зæгъын тынг цымыдисон ахуыртæ сты. Амонынц нын ныхас кæнын æууæлтæ æмæ сусæгдзинæдтæ. Ахуыр кæнæм Ирина Бреусовайы авторон курсмæ гæсгæ", - загъта курсыты архайæг Дзæгъиаты Аллæ.

Уый ма бафтыдта, Хуссар Ирыстоны дзыллон информацийы кусджытæй дарддæр ма хайад исынц Цæгат Ирыстоны журналисттæ.

Тренингтæ цæуынц 26-æй 30-æм апрельмæ, мастер-класстæ æрфысым кодта уазæгдон "Владикавказ"-ы конференц-зал.

Ног хабӕртты лентӕ
0